Сæндидзын  кæнын Алайнаг Чырыстон дины æмæ Дзæуджыхъæуы епархийы традицитæ

Ныр фæндзæм хатт нæ республикæйы раззагдæр уæлдæр ахуыргæнæндоны бæстыхай  вæййы Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы æрвылазон форумы фысым. Дыууæ оргнизацийы ахаст хуымæтæг нæу, уымæн æмæ се ‘мгуыстадæн ис арф историон уидæгтæ.

Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Кавказ Уæрæсейы паддзахады дæлбар куы бацыд, уæд   Алани-Ирыстон  фыццах бакъахдзæф кодта йæ империмæ 1749-1752 азты официалон бадзырдты фæстæ. Бадзырды официалон фембæлдтытæ уыдысты кадджын уавæры Петербурджы.  Уæд ирон адæмы минæвæртты фыццаг курдиат уыд, цæмæй Ирыстоны байгом кæной скъолатæ. Уый æрмæст адæмы фидæны рухс цард нæ нысан кодта, фæлæ сæ зæрды фæстæмæ сæ уидæгтæм раздæхыны фæнд кæй ис, уый. Уымæн æмæ раздæр уыдысты хицæн паддзахад, уыди сын сæхи къухфыссыны традицитæ ныгуылæйнаг-чырыстойнаг цивилизацийы рæгъы. Мах хорз хъуыды кæнæм Аргъуаны ахадындзинад ахуырадон скъолаты арæзтады æмæ ирон интеллигенцийы сфæлтæрды. Æрыдоны духовон семинар республикæйы райрæзтæн  цы æххуыс фæцис, уый. Алани-Ирыстон культурон столицæйæ сырæзыд Цæгат Кавказы культурон-ахуырадон центыры æмвæзадмæ. Уыцы размæдзыд æнтыстытæ нæ къухы бафтыдаиккой æнæ Аргъуаны æххуысæй? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ.

Абон Аргъуан, æхсæнад æмæ паддзахады æмгуыстады иумæйаг нысаны фæдыл сæмбырд стæм Цæгат Кавказы рагондæр ахуыргæнæндæттæй иу Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты бæстыхайы. Дарддæр æххæст кæнæм историон чи ссис, уыцы хъæугæ традици –  Сыгъдæг Георгийы номыл бакастыты радон мадзал. Арæзт цæуынц ирон адæмы кадджындæр бæрæгбон Джеоргуыбайы, гъе, Уастырджимæ кувæн къуырийы, сыгъдæг бирæхъизамаргæнæг Уæлахизхæссæг Георгимæ къуырийы дæргъы куы фæкувæм, уæд.

Бакастыты нысан у – «Чырыстон дин. Этнос. Культурæ». Йæ хъуыды у наукон-практикон мадзæлттæ аразын æмæ  алы конфесситы минæвæртты æмгуыстадæн уæрæх тыгъдад бацæттæ кæнын.

 Рацыд сæдæ азæй фылдæр, афтæ Чырыстон дины историйы Уырыссаг Аргъуаны Синоды уынаффæйæ ногæй фæзынд Дзæуджыхъæуккаг  епархи. Сног сты æнусты дæргъы цы хи церковон традицитæ ныффидар сты, уыдон. Уымæн æвдисæн у ныры архиерейы титул – Алайнаг. Ацы ахсджиаг цау, раст цыма бирæ рæстæг алы антирелигиозон ратæр-батæрæй уатон низмæ  чи æрцыд, уый ног йæ къæхтыл слæууын кодта, уыйау у  епархийы æцæг номы фæзынд. Ирдæй бæрæг кæны Чырыстон дины Уырыссаг Аргъуаны ног историон къæпхæн Аланийы.

Аланийы рухстауæн зæххæн ис фыдæлтыккон Чырыстон истори. Аргъуаны фыстмæ гæсгæ райдыдта апостол Андрей æмæ Симон Кананиты ахуыртæй. Алайнаг паддзахад Чырыстон дин кæдæй райста, уæдæй ссис тыхджын æмæ  æнæбасæтгæ. Византийаг цивилизацийæ  æнæатонгæ хай. Нырыккон наукон иртасджытæ сбæрæг кодтой, X æнусы райдæйæны нæ бæстæйыл аргъуыд куы æрцыд, уæд уыцы арфæйаг хъуыддаг æвзæрст адæмты  хъуыдыйæ  не ‘рцыд, фæлæ æппæт адæмы фæндонмæ гæсгæ. Алайнаг æхсæнады арф уидæгтæ ауагъта Византийæйæ æрбайсгæ Чырыстон дин. Уый бæрæг дары нæ трысайы æртæ хуызы ахуырстыл дæр. Уыцы хъуыддаг фæндаг радта алайнаг Чырыстон традициты райгуырдæн, алайнаг Чырыстон динæн. Сæ бындурыл та баиу сты аргъуаны ортодоксийæ æмæ рагон индоирайнаг культурæ.

Рагæй нал ис Алайнаг  митрополи. Рагон аргъуантæ кæлддзагæй лæууынц. Йæ кой нал ис, раздæр аргъуанæй Хуыцаумæ цы куывд хъуысыд, уымæн дæр. Уыцы заууаты уавæрмæ хъуыддаг æрцыды XIV æнусы кæрон алайнаг паддзахады ныппырхы историон бæллæхы фæстæ. Фæлæ æнусты дæргъы цы алайнаг чырыстойнаг традицитæ сфæлтæрдысты, уыдон нæ фесæфтысты, систы рæстæджы комулæфтимæ нæм цы алайнаг кæнæ ирон традицион культурæ æрхæццæ, уый органикон хай.

Нæ нысан у, уыцы монон хæзнадон сæндидзын кæнын. Алайнаг Чырыстон паддзахады, налхъуыт-налмасау цы хъæздыг традицион бынтæ уыд, уыдон сног кæнын. Уымæн æмæ уыдон сты национ хуызы хигъæдон бынтæ. Сты удæгас  æвдисæнтæ,  алайнаг æхсæнад византийаг дугмæ кæй хауы, уымæн.   XVIII æнусы ирон адæм Уæрæсейы паддзахады дæлбар куы бацыдысты, уæд  уый ссис историон цау. Бирæтæ бæстон нæ зонынц ацы цыуы арф мидис. Уый ирдæй æвдисы рæстæг æмæ  бæстæты бастдзинад. Алайнаг архиепископы тыххæй ма фæстаг хатт фыст уыд 1590 азы Мæскуыйы Патриархаты ныффидары тыххæй Констонтинополы аргъуаны грамотæйы. Уыцы историон грамотæйы сæ къухтæ цы  æртæ чырыстон патриархы æмæ иу æмæ æвддæс архиерейы бафыстой, уыдоны ‘хсæн  ис Алайнаг архиепископ Пахомийы ном дæр.

Æз, куыд хъуыддаджы лæуд архиерей афтæ мæ размæ æвæрын æрмæстдæр иунæг нысан: лæггад кæнын Иунæг Хуыцауæн, Мад-Аргъуанæн æмæ  Фыдыбæстæйæн. Мах цæттæ стæм кæцыфæнды пайдайаг хъуыддаджы тыххæй дæр æмгуыстадмæ. Хорз зонæм, Аргъуаны размæ цы нысантæ æвæрд ис, уыдон Фыдыбæстæ алы ‘гъдауæй фидар кæныны мадзæлттæй фæхицæнгæнæн кæй нæй, уый. Иннæрдыгæй та, алайнаг Чырыстон дин сæндидзын кæнын, куыд религиозон, æрмæст афтæ нæ, фæлæ куыд культурон-историон фæзынд, хизы  аргъуаны арæнты сæрты æмæ домы паддзахады ‘рдыгæй æмæ Ирыстон-Аланийы бирæнацион æхсæнады ‘рдыгæй дæр хъазуатон æххуыс. Уый аккаг у. Бафиппайын хъæуы, Ирыстоны цы бирæ адæмыхæттытæ цæрынц,  уыдон политикон æмæ социалон-экономикон зындзинæдты бахаугæйæ дæр æмгуыстмæ цæттæ кæй сты. Уыцы удбыхсондзинады миниуæг ирдæй зыны сæ уырнынады хъуыддаджы дæр.  Йæ бындурыл ис рагон религион культурæ.  Уый у уæлдæр цæй кой кодтам, уыцы удæгас культурон-историон традицийы хай. Йæ тæфаг кæмæ фæхæццæ, уыцы адæмтæн сæ бон у алы религиты уæвын æмæ уыцы иу рæстæг Фыдыбæстæйæн, хиуыл нæ ауæрдгæйæ, лæггад кæнын. Дæнцæгæн  æрхæссæм нырыккон ирон национ культурæйы райрæзт. Йæ разагъды лæгты ‘хсæн ис чырыстæттæ Колыты Аксо, Гæдиаты Секъа, Гуырзыбегты Бласка, Байаты Гаппо, Хетæгкаты Къоста. Пысылмæттæ: æфсæддон æмæ сфæлдыстадон  интеллигенцийы минæвæрттæ  Мамсыраты Темырболат, Хъаныхъуаты Инал, Цæлыккаты Ахмæт. Æнæзæгъгæ нæй уæрæсейы ‘фсады афицер æмæ литерæтурæйы дæсны Темырхъанты Сосланы тыххæй. Уый бындур бавæрдта ирон адæмы религиозон ахуыртæн. Мах национ дихдзинæдты фарс не ‘стæм. Фæнды нæ иууыл конфесситимæ дæр æмхуызонæй æмгуыст кæнын.

Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы размæ лæууы бирæ бæрнон хæстæ. Ныхас æрмæст монон æмæ социалон æххстдзинадыл нæ цæуы, фæлæ националон культурон арæзтады фæдыл къæпхæнгай куыстыл. Уыцы ахсджиаг куысты фæдыл программæ кæронмæ нæма бацæттæ, афтæмæй Бакастыты цы адæм архайы, уыдоны размæ нæ бон рахæссын у ныридæгæн цы сарæзтам уый æмæ дарддæр цы проекттæ цæттæ кæнæм, уыдон.

Активонæй куыст цæуы ирон æвзагыл аргъуаны куывдтытæ æххæст кæныны уагæвæрдыл. Уырдæм æрмæст текстыты тæлмац кæныны куыст нæ хауы, фæлæ сæм музыкæ ныффыссын æмæ кусæг кадртæ бацæттæ кæнын дæр. Цæмæй æрвылбон аргъуаны куывдтытæ ирон æвзагыл уой, уымæ адæм бирæ рæстæг æнхъæлмæ кастысты. Уымæй мах  æрмæст аргъуаны куысты нысантæ не ‘ххæст кæнæм, фæлæ ссис ирон æвзаг æмæ музыкалон аивад бахъахъхъæнын æмæ сæ адæмы ‘хсæн парахат кæныны сæйрагдæр мадзæлттæй иу. 

Не ‘ргом цы фарстатæм аздæхтам æмæ зæрдиагæй цы хъуыддæгтыл кусæм, уыдоны ‘хсæн ахсджиагдæр у фыдæлтæй баззайгæ культурон хæзнатæ бахъахъхъæнын. Нæ нысан æрмæст аргъуаны арæзтæдтæ бахъахъхъæнын нæу, фæлæ нæм æнусты сæрты  цы культурон бæстыхæйтты арæзтæдттæ æрхæццæ, уыдон се ‘ппæт дæр. Нæ епархи цæттæ у уыцы ахсджиаг хъуыддаг сæххæст кæнынмæ  йæхи æвæрæн бахæссынмæ. Нæ зæрды ис культурæ æмæ историйы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны фæдыл сæрмагонд фонд байгом кæнын. Расиддзыстæм конкурс Аланийы историйы тыххæй хуыздæр сфæлдыстадон куыстытæ чи бацæттæ кæндзæн, уыдоны ‘хсæн.

Мæ раныхасы кæй ранымадтон, уыцы нысантæ æмæ уынаффæтæ бацыдысты сæ тыхы æмæ æххæстгонд цæуынц Аланийы Аргъуыды 1100 азы юбилеймæ цæттæгæнæн программæйы фæлгæты. Ахæм ахсджиаг æмæ егъау бæрæгбон хъæугæ уагыл сбæрæг кæнынæн бахъæудзæн Аргъуан, паддзахад æмæ æхсæнады иумæйаг хъазуатон куыст. Уымæй нæ иумæйаг нысан æрмæст кæддæры алайнаг Аргъуаны кад æмæ традицитæ раздахыны хъуыддаг ма суа, фæлæ  национ культурæйы хуыздæр традицитæ бахъахъхъæнын æмæ сæ адæмы ‘хсæн рауадзын.