ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ АЛЧЕР ИУУЫЛРУХСГОНДДÆР ЛЕОНИДЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы алчер иууылрухсгонддӕр Леониды

 

КУАДЗӔНЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

 

Дзӕуджыхъӕуы епархи ӕмӕ Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Растуырнӕг Аргъуаны приходты сауджынтӕ, диакъонтӕ, моладзантӕ ӕмӕ ӕппӕт цӕрджытӕм

 

Дунедарӕджы хорзӕхӕй кæрæдзийæн уарзон фыдтæ, æфсымæртæ æмæ хотæ, Чырыстийы аргъуаны иузæрдион хъæбултæ – Ирыстон æмæ Сомихы цæрджытæ!

 

Дунедарӕджы Куадзӕны номӕй уын зӕрдӕбын арфӕ кӕнын апостолты саламы цинӕфтауӕг ныхӕстӕй:

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

Ӕнӕуынондзинад ӕмӕ хъизӕмӕртты хъаймӕты сӕрмӕ арвӕрдынау ӕрттивы Чырыстийы Раудӕгас. Ирвӕзынгӕнӕг райгас ис – ӕмӕ адӕймагӕн фӕндаг байгом амонды ӕнӕмӕлӕтмӕ, Хуыцауы уарзондзинады фӕрцы раудӕгасмӕ. Нӕ уыди ӕмӕ нӕ уыдзӕн зӕххыл уыцы цауӕй стырдӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр. Куадзӕны цин ивылы дун-дунейы, йӕ хъӕбысы кӕны ӕппӕт рӕстӕджытӕ ӕмӕ адӕмы ӕппӕт фӕлтӕрты.

Незамантӕй фӕстӕмӕ адӕм хъуыды кодтой сӕ царды мидисыл. Ивгъуыдтой ӕнустӕ, дунейы нывӕцыл кӕрӕдзи ивтой адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕ. Адӕмӕн сӕ къухы ӕфтыди ног ӕмӕ ног наукон ӕнтыстытӕ, адӕм фӕлдыстой диссаджы аивадон уацмыстӕ, ивтой зӕххы къорийы бакаст ӕмӕ ӕхсӕнады сконд. Фӕлӕ адӕймаджы ӕвӕджиау курдиаты ӕппӕт ӕнтыстытӕн дӕр сӕ ахадындзинад нымӕг кодта мӕлӕты раз. Ирвӕзынгӕнӕджы размӕ дӕр ма дунейы уыди, зӕххыл рӕсугъддзинад тауын ӕмӕ зӕрдӕйы хорз фидар кӕнын йӕ царды нысаныл чи нымадта, рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинад чи агуырдта, ахӕм адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ-иу сӕ уды бӕрзонд фӕлтӕрӕнтӕ ӕрбацыдӕр сты, рухсы тӕпп кӕм нӕ уыди, уыцы мылазон тары. Мӕрдты бӕстӕй ницы хабар хъуысти, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕ амӕлгӕ кӕмӕн нӕй, абон уа, райсом уа – адзал кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы хорздзинад цӕсты нӕ ахадыдта, мидис кӕмӕн нӕй, ахӕм цыдӕр касти адӕймагмӕ. Раудӕгасуӕвӕг Чырыстийы ингӕнӕй растады уысм адӕмӕн балӕвар кодта тӕмӕнкалгӕ зонындзинад. Ирвӕзынгӕнӕг нын нӕ размӕ байтыгъта Ӕнусон Паддзахады дуӕрттӕ. Нӕ, дзӕгъӕлы не сты ацы дунейы адӕймаджы зӕрдӕйы хорз ӕмӕ аудындзинад, хӕрзуаг фӕтк ӕмӕ ӕвронг зонд. Уыдон сты, нӕ Уӕларвон Фыдыбӕстӕйы хъӕздыг ӕвзар чи ратты, уыцы арфӕйаг нӕмгуытӕ.

Цардмӕсидӕг цины салам «Чырысти райгас!» дунейӕн хъусын кӕны, апостолты ныхас кӕмӕй райдыдта, уыцы иууылахсджиаг ӕцӕгдзинад. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн уыди Йӕ бон райгас уӕвын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы Райгас у уӕвынады сӕйраг фарста. «Кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд уӕ уырнынад дзӕгъӕлы у», – зӕгъы апостол Павел ӕмӕ уыцы тӕккӕ уысм уӕлахизхуызӕй банысан кӕны: «Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас; чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас» (1 Кор 15:17, 20). Ацы табуйаг бонты мах, нӕ уырнындзинад, «Чырысти райгас!», зӕгъгӕ, Куадзӕны уыцы цины саламӕй ӕвдисгӕйӕ, иууылдӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ зӕрдӕргомгӕнджытӕ. Уыцы цыбыр хъуыдыйад дзуапп дӕтты куырыхон зонынджынты ӕппӕт фӕрстытӕн дӕр нӕ царды мидисы фӕдыл.

Ацы табуйаг бонты Куадзӕны цинӕй йедзаг у алы кувӕг адӕймаджы зӕрдӕ дӕр. Цинӕй йедзаг у зӕххон дуне, бӕрӕгбонхуызӕй райы уӕларв. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ӕмӕ Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй сымах дӕр хайджын уат уыцы стыр цинӕй – кӕрӕдзи уарзат Райгасуӕвӕг Чырыстиимӕ иудзинады. Хуыцауы уарзонӕй райгас уӕвын – уый у адӕймаджы царды нысан ӕмӕ сӕйрагдӕр мидис. Фӕлӕ уыцы нысан нӕ къухы нӕ бафтдзӕн, кӕрӕдзийӕн барын, кӕрӕдзи уарзын ӕмӕ, дунейы Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти кӕй сӕраппонд амард ӕмӕ райгас и, нӕ уыцы хиуӕттӕн хорздзинад кӕнын куы нӕ сахуыр уӕм, уӕд.

Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ацы иттӕгрухс бӕрӕгбоны стыр цин ӕххӕстӕй банкъарын ӕмӕ уыцы цинӕй уӕ бинонтӕ ӕмӕ уӕ зонгӕтӕ, уӕ хиуӕттӕ ӕмӕ, уӕ цӕсты раз йӕ царды мидӕг ӕфхӕрд ӕмӕ ныфсхъуаг чи у, уыцы ӕддагӕттӕн иууылдӕр схай кӕнын. Куыд ӕппӕт дунейӕн, афтӕ Ирыстон–Алани ӕмӕ Сомихӕн дӕр амонд ӕмӕ фарн ӕрхӕссӕд Куадзӕн, Куадзӕны цин бацӕуӕд алы хӕдзармӕ дӕр ӕмӕ нӕ фӕфидар кӕнӕд царды фыдӕвзарӕнты, фӕйнӕхуызон хъуыдытӕ ӕмӕ зондахаст кӕмӕ ис, уыцы адӕймӕгтӕн иудзинад раттӕд!

 

 

Ӕцӕгӕй райгас и Чырысти!

 

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы алчер,

Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Растуырнӕг Аргъуаны приходты фӕткдӕттӕг

ЛЕОНИД

 

Чырыстийы Куадзӕн

2017 аз

Дзӕуджыхъӕу