ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ГЕРАСИМЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер

Иууылрухс Герасимы

 

КУАДЗӔНЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

 

Дзӕуджыхъӕуы епархийы монад, моладзантӕ ӕмӕ кувӕг адӕммӕ

 

 

Иууылкадджын сауджынтӕ, Чырыстийы ӕмдзинады зӕрдӕйӕн адджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Абон нӕ кувӕндӕтты алы ӕмӕ алы хъӕлӕстӕй зӕлы, ӕппӕт иннӕ ныхӕстӕ йӕ разы кӕмӕн ницы ахадынц, ахӕм уӕлмонцӕнӕг Хуыцауон уац:

 

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

 

«Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут? Ам нӕй» (Лк 24: 5–6), – загъта зӕд мирохӕссӕг сыгъдӕг сылгоймӕгтӕн. Зонд кӕй нӕ ахсы, ахӕм цау! Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы растдӕриддӕр уый суыдзӕн ирвӕзыны чырыстон уацамынды бындур: «Кӕд Чырысти нӕ райгас и, уӕд нӕ уацамынд дӕр дзӕгъӕлы у, ӕмӕ дзӕгъӕлы у уӕ уырнынад дӕр» (1Кор 15:14). Ацы апостолон уац иннӕрдӕм  фӕзилдзӕн адӕмы историйы ӕппӕт цыд. Фӕлӕ цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ Раудӕгасӕн ӕвдисӕн уой «Йерусалимы дӕр, ӕгас Иудейы дӕр, Самарийы дӕр ӕмӕ суанг зӕххы цъары кӕрӕтты дӕр» (Хъд 1:8), уый тыххӕй сын хъуамӕ дызӕрдыггаг ма уа мӕлӕтыл фӕуӕлахизы ӕцӕгдзинад. Ууыл та ӕнцонтӕй баууӕндӕн нӕй. Уымӕ гӕсгӕ уӕлӕрдзон ӕндӕвд хъуамӕ суыдаид баууӕндыны фӕрӕз. Афтид зӕппадзы раз зӕды дзыхӕй уац фехъусын фаг нӕ уыд, хъуамӕ ма удӕгас Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ дӕр фембӕлдаиккой. Ӕмӕ мӕнӕ раргом ис Уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзуры.

Мах абон, дзуары уынд адӕмыл рагзаманты цы стыр тас ӕфтыдта, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнӕм. «Дзуарӕн йӕ кой дӕр, ‒ фыста ромаг философ Цицерон, ‒ ӕгады бынаты ӕвӕры ромаг гражданины, стӕй – ӕмткӕй – сӕрибар адӕймаджы». Рагон бердзенӕгтӕ ӕмӕ ромӕгтӕм ӕнахъинон касти дзуарылтыгъд чидӕр Бардарӕг ӕмӕ Хуыцау у ӕмӕ Йӕ мӕлӕтӕй дунейӕн ирвӕзыны хорзӕх ракодта, уыцы хъуыды. Уыцы амӕлӕты нысан нӕ бамбӕрстой, Чырыстиимӕ Гефсиманийы онг чи фӕцыд, уыдон дӕр. Се ’ппӕт дӕр фӕлыгъдысты, рагацау цы фыдӕвзарӕнтыл дзырдӕуыд, уыдон куы ралӕууыдысты, уӕд. Ирвӕзынгӕнӕджы хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕт сын сӕ ныфс ӕмӕ уырнындзинад ныффалгӕрон кодтой: «Мах та нӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтам, Израилы Чи фервӕзын кӕндзӕн, Уый у, зӕгъгӕ» (Лк 24:21).

Сӕ ныфс бынтондӕр асасти, фӕлӕ мӕнӕ ӕвиппайды – зӕрдӕйы уидӕгтӕ змӕлынгӕнӕг ӕргомӕдтӕ, евангелисттӕ нын кӕй тыххӕй дзурынц ӕмӕ зӕххон фӕлтӕрддзинады фӕлгӕтты чи нӕ арӕхсы, Райгасуӕвӕгӕн Йӕхи раргомты уыцы цаутӕ. Уыцы цаутӕн ӕвдисӕн чи уыд, уыдон хатыдтой, адӕймаджы ӕрдз кӕуыл ӕххӕссы, ӕдзух фӕлхатгонд чи цӕуы ӕмӕ ӕрвылбоны царды фӕлтӕрддзинады фӕрцы сбӕлвырд кӕнӕн кӕмӕн ис, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ нӕ. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты сагъӕс махӕн, уыцы ран се ’хсӕн чи нӕ уыд, уыдонӕн, нӕ бон ӕххӕстӕй бамбарын нӕу. Уӕдӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ апостол Павел фыста Райгасуӕвӕг Ирвӕзынгӕнӕгимӕ фембӕлды тыххӕй ӕмӕ йӕ барста дунесконды фыццаг боны рухсы фӕзындимӕ: «„Талынгӕй сӕрттивӕд рухс”, зӕгъгӕ, Чи загъта, уыцы Хуыцау нын нӕ зӕрдӕтӕ срухс кодта, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы кад – уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ» (2Кор 4:6). Хуыцауы кад федтой, Райгасуӕвӕг Ирвӕзынгӕнӕг кӕмӕ раргом ис, уыдон се ’ппӕт дӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыди иуварсӕй кӕсджытӕй баззайын. Апостолтӕ хъуамӕ ӕгас дунейӕн фехъусын кодтаиккой: «Хуыцау Ацы Йесойы скодта Бардарӕг ӕмӕ Чырысти» (2Кор 4:6). Ныр уыдон бӕлвырд базыдтой, Йесо Чырыстийы хуызы сӕм чи раргом, Хуыцауы уыцы уарзондзинадӕй сӕ кӕй нӕ фиппӕрд кӕндзысты «нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр ӕндӕр тыхтӕ, нӕдӕр абон, нӕдӕр фидӕн, нӕдӕр уӕлӕрвтӕ, нӕдӕр дӕлзӕхх, нӕдӕр сфӕлдыст дунейы ӕндӕр исты» (Ром 8:38–39). Фӕлӕ ӕвдисӕн уӕвыны курдиат апостолтӕм Райгасуӕвӕгимӕ фембӕлды цинимӕ иумӕ нӕ фӕзынд. Дунейӕн уацамынд кӕныны размӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбӕлди Сыгъдӕг Удӕй аргъуыд райсынмӕ банхъӕлмӕ кӕсын.

            Хуыцауы дзырдӕй апостолты ӕвдисӕндзинад зӕххы кӕрӕттӕм ахӕццӕ и. Махыл дӕр сӕмбӕлд, ӕмӕ йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ нӕ аргъуыды дӕр Сыгъдӕг Уды райстам. Куадзӕны райсомы аргъуыды мах фехъуыстам афтид зӕппадз ӕмӕ, цард мӕлӕтыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй дзурӕг цау. Чырысти райгас! Ӕхсӕв фӕсте аззад, хур скаст ӕмӕ ног бон ӕрхаста. Уыцы ног боны мӕлӕт ӕмӕ фӕхицӕны рисс хицауиуӕггӕнӕг не сты. Уый у, Йӕ Райгасы фӕстӕ  сӕм раргом уӕвгӕйӕ, Ирвӕзынгӕнӕг апостолтӕн кӕй кой кодта, уыцы Паддзахады бон. Ӕмӕ Хуыцауы уыцы хицаудзинад ӕмӕ уӕлахиз Хуыцауон литургийы алы аргъуыды дӕр мах кадджын кӕнӕм бӕрӕгбоны сидтӕй: «Арфӕгонд у Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды паддзахад!»

Чырыстийы Рухс Райгасы бӕрӕгбоны фӕдыл зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнын Чырыстийы Аргъуаны иузӕрдион хъӕбултӕ ӕмӕ нӕ уарзон Ирыстон-Аланийы ӕппӕт цӕрджытӕн! Алкӕй зӕрдӕ дӕр уӕ срухс уӕд Райгасуӕвӕг Ирвӕзынгӕнӕджы цинӕй! Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын ут, ӕнӕниздзинад, зӕрдӕрухс ӕмӕ уын бирӕ цӕрӕнбон раттӕд!

 

  ӔЦӔГӔЙ РАЙГАС И ЧЫРЫСТИ!

 

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер

+ ГЕРАСИМ

 

 

Чырыстийы Куадзӕн

2022 аз

Дзӕуджыхъӕу