ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ЛЕОНИДЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

 

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер,

Аргъуаны ӕддаг бастдзинӕдты хайады Сӕрдары хӕдивӕг,

 Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны зылдты фӕткдар

Йӕ Иууылрухсдзинад ЛЕОНИДЫ

 

КУАДЗӔНЫ ФЫСТӔГ

 

Дзӕуджыхъӕуы епархи ӕмӕ Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны зылдты монад, моладзантӕ ӕмӕ ӕппӕт кувӕг адӕммӕ

 

 

Чырыстийы ӕмдзинады зынаргъ сауджынтӕ ӕмӕ диакъонтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Бардарӕджы Куадзӕны рухс бон уын зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнын чырыстон дзыллӕты сӕйрагдӕр бӕрӕгбоны фӕдыл ӕмӕ уын цинимӕ ӕрвитын апостолон салам:

 

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

 

Бардарӕг Йесо Чырыстийы дзуарылтыгъд амӕлӕты фӕстӕ ӕрцыди дунеон истори ӕмӕ метаисторийы ахсджиагдӕр цау – Чырысти Райгас. Хуыцауы Фырт барвӕндонӕй мӕлӕт райста, цӕмӕй адӕмы бахиза монон сӕфтӕй. Адамы аххосӕй дуне сси тӕригъӕдджын, мӕлӕт ӕй йӕ дӕлбар бакодта, фӕлӕ Чырыстийы уазлӕггады руаджы  уый ссыгъдӕг ис йӕ тӕригъӕдӕй ӕмӕ ногӕй ссардта, кӕй фесӕфта, уыцы фарн ӕмӕ растдзинад.

Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууы Йӕхи тыххӕй: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый мӕлгӕ куы акӕна, уӕд дӕр райгас уыдзӕн» (Ин 11:25). Чырыстийы Райгас у Хуыцауы тыхы цӕхгӕр ног раргом.  Уыцы хуыцауон тых лӕууы дунейы сконд, адӕймаджы сфӕлдыст ӕмӕ Хуыцаусӕнтысты ӕмрӕнхъ. Уый у ӕгӕрон уарзондзинад.  

Чырыстийы Райгас – ног, ӕнусон, заманы дуг, ӕппӕт адӕмы райгасы бындур ӕмӕ ратӕдзӕн. Ацы бӕрӕгбоны алцыдӕр, адӕймаджы зонд кӕй нӕ ахсы, ахӕм хуыцауон сусӕгдзинадӕй ӕмбӕрзт у. Каноникон Евангелиты нӕй Райгасы цауы лыстӕг ӕрфыст. Уым ӕрмӕстдӕр дзырдӕуы, мирохӕссӕг сылгоймӕгтӕ, афтид чырыны размӕ бацӕугӕйӕ, ирвӕзыны цау Зӕдӕй куыд фехъуыстой, стӕй ма, мӕрдтӕй Растӕг Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куыд раргом ис, уыдӕттыл. Уыйхыгъд Евангелиты уаз автортӕ бӕстон дзурынц, Библийы пехуымпар ныхӕсты нысаниуӕг райхалынмӕ Райгасы фӕлтӕрддзинад апостолтӕн цы ахъаз фӕци, уый фӕдыл. Уыдон ӕрмӕстдӕр ныр бамбӕрстой, Адӕймаджы Фырты хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ дзуар Мессиайы нысан кӕй сты, уый. Уымӕ гӕсгӕ ӕндӕр цӕстытӕй бакастысты Дунедарӕджы Минӕвары сыгъдӕггӕнӕн Удхӕртты тыххӕй пехуымпар фыстыты ныхӕстӕ. Хистӕр сауджынтӕ Чырыстийы ахуырад хуыдтой Хуыцауы ныхмӕ арӕзт, ӕмӕ Назаретаг Йесойы дзуарылтыгъд амӕлӕтӕй хъуамӕ фидаргонд ӕрцыдаид сӕ уыцы хъуыды. Фарны Уац Йӕ Пехуымпары худинаджы мӕлӕтӕй куы ахицӕн уыдаид, уӕд баззадаид, сӕххӕст уӕвӕн кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст ахӕм бӕллиццӕй.  Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды бӕрзонддӕр уысм – Йесо Чырыстийы мӕлӕт ӕмӕ райгас. Хуыцау кадимӕ сраст кодта Йӕ Фырты, «суанг мӕлӕты, уыимӕ дзуарылтыгъд мӕлӕты онг дӕр» (Флп 2:8) Уӕларвон Фыды фӕндоныл разы Чи уыди, Уыцы Фырты ӕмӕ, мӕрдтӕй Йӕ райгас кӕнгӕйӕ, равдыста Чырыстийы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгты ӕнӕдызӕрдыггаг ӕцӕгдзинад.

Мӕрдтӕй Растӕг Чырыстийы ӕргомрацыд апостолтӕн равдыста рагфӕдзӕхстон пехуымпар ныхӕсты арф мидис. Куыд Чырысти ӕмӕ Ахуыргӕнӕг, ӕрмӕст афтӕ сӕм нӕ раргом ис Йесо, фӕлӕ куыд ӕцӕг Бардарӕг, Удӕгас Хуыцауы буардзыд сӕнтыст. Ахӕстаргъбафидӕг Мессиа, Уый барвӕндонӕй Йӕхи мӕлӕтхӕссӕг знӕт тыхы дӕлбар  бакодта, фӕуӕлахиз ыл и Йӕ хуыцауадӕймагон хъомысы фӕрцы ӕмӕ, фидӕнӕй не ’хсӕн цы ӕмбӕрзӕн ис, ууыл хӕрдмӕ схӕцыд. Уыцы табуйаг бонӕй абоны онг зӕххы цъарыл нӕ мынӕг кӕны монон сӕрибар ӕмӕ фервӕзыны дзӕнгӕрджыты зӕлланг. Фыддзинад нырма йӕ къӕхты бын ссӕнды зӕхх, фӕлӕ чырыстӕттӕ бӕрӕгбоны змӕлд кӕнынц  ӕмӕ фидиуынц уӕлахиз, уымӕн ӕмӕ Йесо Чырыстийы Райгасы руаджы уый сӕ къухы бафтыд.

Чырыстийы Куадзӕн у, рагон Израил Мысырӕй куы рацыд, уыцы цау зӕрдыл дарыны тыххӕй цы рагфӕдзӕхстон Куадзӕн нысангонд ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ арӕзт бӕрӕгбон, фӕлӕ йӕ мидис чысыл фӕивта. Рухс Райгас мах бӕрӕг кӕнӕм куыд, чи ныл ӕрцыд ӕмӕ та ныл ногӕй ӕмӕ ногӕй чи ӕрцӕуы, ахӕм цау, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы махӕй алкӕмӕн дӕр лӕваргонд ӕрцыди ӕнусон цард. Уыцы лӕвар нын бындурон ӕгъдауӕй аивта нӕ ахаст зӕххы цъарыл алцӕмӕ дӕр, суанг мӕлӕтмӕ дӕр. Нӕ зӕххон царды мах ныхӕй-ныхмӕ ӕмбӕлӕм мӕлӕтыл, фӕлӕ нӕ уырны, Йӕхи мӕлӕтӕй йын Чырысти йӕ ӕрдз кӕй аивта, кӕй дзы сарӕзта Куадзӕны бӕрӕгбон – Хуыцауы Паддзахадмӕ бахизӕн, трагедиты стырдӕр кӕй фестын кодта ӕппӕты стырдӕр уӕлахиз ӕмӕ мах та Йӕ Райгасы ӕмархайджытӕ кӕй скодта. Мӕлӕты сӕрты ахизгӕйӕ, Уый, адӕймаджы бон ӕй бамбарын нӕу, цы хуызы, афтӕмӕй райста ӕндӕр, монон, буар. Монон буар райсын сыгъдӕг Павел нымайы, ӕппӕт адӕммӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕвынады уыцы къӕпхӕныл (1 Кор 15:44). Хуыцауадӕймаг Чырысти ӕппӕт мӕрдты райгасӕн сӕрӕвӕрӕн скодта.

Куадзӕны рухсӕй ӕрмӕст фидӕн нӕ ныййирд ис, Райгас нысан кӕны, Чырысти иузӕрдионты ӕхсӕн кӕй ис, уыцы ӕцӕгдзинад. Бирӕ фӕтӕгтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ хастой адӕмӕн ахуырӕдтӕ ӕмӕ арф хъуыдытӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесо Йӕхӕдӕг баззайы Аргъуанимӕ, куыд йӕ Сӕр ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, куыд дунемӕ здӕхт ӕнусон Хуыцауон Цӕсгом.

Абоны рухс бӕрӕгбоныл ӕмбӕлгӕйӕ, нӕ алыварс адӕмӕн фехъусын кӕнӕм Куадзӕны цины уац, арфӕ ракӕнӕм нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ нӕ къабӕзтӕн, се ’нцой фӕлӕууӕм, ӕххуысмӕ нӕм чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕн! Бардарӕджы Куадзӕны рухс ӕмӕ стыр бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд! Мӕрдтӕй Растӕг Ирвӕзынгӕнӕджы цинӕй райӕнт уӕ зӕрдӕтӕ! Хуыцау уын арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ зӕрдӕрухс, ӕнӕниз ӕмӕ ӕнтысджынӕй бирӕ фӕцӕрут!

 

 

ӔЦӔГӔЙ РАЙГАС И ЧЫРЫСТИ!

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ  Аланийы стыралчер,

Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны зылдты фӕткдар

 

ЛЕОНИД

 

 

Чырыстийы Куадзӕн

2020 аз

Дзӕуджыхъӕу