ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ЛЕОНИДЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер,
Аргъуаны ӕддаг бастдзинӕдты хайады Сӕрдары хӕдивӕг,
Сомихы Республикӕйы Уырыссаг рӕстдин Аргъуаны зылдты фӕткдар
Йӕ Иууылрухсдзинад ЛЕОНИДЫ

КУАДЗӔНЫ ФЫСТӔГ

Дзӕуджыхъӕуы епархи ӕмӕ Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны зылдты монад, моладзантӕ ӕмӕ ӕппӕт кувӕг адӕммӕ

 

Чырыстийы ӕмдзинады зӕрдӕйӕн уарзон сауджынтӕ ӕмӕ диакъонтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!
Хуыцауы Куадзӕны райдзаст бон уын зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнын ӕмӕ уын ӕрвитын бӕрӕгбоны цинӕфтауӕг салам: 

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

Чырыстийы Райгас у рӕстдины сӕрӕвӕрӕн бындур ӕмӕ йӕ  кады худ, Сыгъдӕг Уды Ӕрцыды фӕстӕ апостолтӕ сӕ уацамынд кӕмӕй райдыдтой, уыцы фыццаг, ӕппӕты ахсджиагдӕр, стыр ӕцӕгад. Бардарӕг Йесойы дзуарылтыгъд амӕлӕтӕй сыгъдӕггонд куыд ӕрцыдыстӕм, афтӕ нын Йӕ Райгасӕй та ӕнусон цард лӕваргонд ӕрцыди.  Чырыстийы Райгас у Аргъуаны ӕдзухон бӕрӕгбон, Куадзӕны йӕ былтӕй чи фӕкӕлы, уыцы зӕрдӕрухсгӕнӕг ӕвидигӕ цин. Йӕ ирвӕзынгӕнӕг  фӕстиуджытӕ — зындон ӕмӕ мӕлӕтыл фӕуӕлахиз, рӕстгӕнджыты удӕнцой, Сыгъдӕг Уды ӕрӕрвыст ӕмӕ Хуыцауы Аргъуаны сарӕзт.  
Адӕймаджы барӕнтӕй, Голгофӕйы дзуарылтыгъды фыдӕвзарӕны фӕстӕ Фарны Уац хъуамӕ ӕппындӕр мацыуал ахадыдтаид, фӕлӕ йӕ Хуыцауон Бындурӕвӕрӕджы Райгасы фӕрцы чырыстон дин афтӕ апырх и дунейы, ӕмӕ историйы мидӕг уыцы уӕлахизӕн ӕмбал нӕй. Чырыстийы Райгасы фӕстӕ милуан адӕймӕгтӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой Хуыцаумӕ, дунемӕ ӕмӕ сӕхимӕ. Кӕд Йесо Чырыстийы уӕлахизыл алы ран не ’ууӕндынц, стӕй йӕ кӕд алчи не ’мбары, уӕддӕр зӕххы цъарыл йӕ ахадындзинадӕн аргъ нӕй, уый ӕнусон у. 
Дзуарылтыгъд бавзарӕг, амӕлӕг ӕмӕ райгас уӕвӕг Йесо у Хуыцауы дзуапп адӕймаджы сӕйраг фӕрстытӕн: цӕй тыххӕй цӕрӕм, цӕмӕн хъизӕмар кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн амӕлӕм? Чырыстон дины мидис у адӕмы цыфыддӕр знагыл — мӕлӕтыл — фӕуӕлахиз уӕвын. Уыцы уӕлахиз не ’ппӕты сӕрвӕлтау райста Чырысти. Ӕнусты дӕргъы адӕймаг тыхсти, мӕлӕтӕн лӕвӕрд кӕй у, уыцы  хъуыдыйӕ, нӕ йӕ фӕндыди ууыл сразы уӕвын, фӕлӕ иунӕг куырыхон лӕг дӕр адзалы ныхмӕ мадзал не ссардта, Адамы байзӕддаджы мӕлӕтӕй нӕ бахызта.  Уый бафтыд ӕрмӕстдӕр Чырыстийы къухы. Сӕ сӕрвӕлтау мӕлӕт райсгӕйӕ, Уый адӕмы фервӕзын кодта се ’нусон фыдгулӕй.  Ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, алы адӕймагӕн дӕр ӕмбӕрстгонд у йӕ цард ӕмӕ йӕ мӕлӕты мидис. Хуыцау нӕ уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй, нӕхи фӕндонӕй архайгӕйӕ, мах ам, зӕххыл, тырнӕм хуыздӕр уӕвынмӕ ӕмӕ афтӕмӕй бындур ӕвӕрӕм нӕ фидӕны цардӕн. Чи Йыл ӕууӕнды, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы сты Чырыстийы ныхӕстӕ: «Мӕныл ӕууӕндӕг мӕлгӕ куы акӕна, уӕд дӕр райгас уыдзӕн. Мӕныл ӕууӕндӕг никуы амӕлдзӕни…» (Ин 11:25, 26).
Ирвӕзынгӕнӕджы Райгасы фӕрцы адӕймаг ӕцӕгӕйдӕр райгас вӕййы ӕмӕ бынтон ӕндӕр хуызы — Чырыстийы ӕмдзинады— цӕрын райдайы. Ногӕй та суыны, йӕ тӕригъӕдты аххосӕй кӕмӕй  фӕиртӕст и, Бардарӕгмӕ йӕ чи хоны, йӕ царды нысан — хуыцауӕнгӕс суӕвын — йӕ къухы кӕй фӕрцы ӕфты, уыцы фӕндаг. Ногӕй та Хуыцауы хорзӕх ӕххӕстӕй ӕрцӕуы адӕмыл, Уӕлӕрвтӕм фӕндаг байгом вӕййы. Рухс уӕлахиз кӕны саудалынгыл, Хуыцауон Уаздзинад — тӕригъӕдыл, рӕстдзинад — мӕнгдзинадыл. Бардарӕг ингӕнӕй расты, куыд ӕппӕт адӕмы райгасы Фыццаг: удыхъӕдӕй — ныр, буарӕй — рӕстӕджыты кӕрон.  
Ногфӕдзӕхстон Куадзӕн — Бардарӕг Йесо Чырыстийы мӕлӕт ӕмӕ Райгас нын цы бӕрӕгбӕттӕ раргом кӕнынц, уыдоны ахсджиагдӕр. Уыцы раргом у,  Хуыцауы ӕмдзинады ӕнусон ӕмӕ арфӕйаг цардмӕ, адӕймаджы ӕрдз ивӕг ӕрттивгӕ ӕнӕмӕлӕтмӕ ӕппӕт адӕм дӕр бар кӕй дарынц, уый бындур.  Фӕлӕ ма уыцы бындур сомбонмӕ тырнындзинад ӕмӕ фидӕны ныфсӕй уӕлдай у, чырыстон адӕймаг ныридӕгӕн — йӕ амӕлынӕй дӕр раздӕр ӕмӕ йӕ райгасӕй та бирӕ раздӕр — кӕй хъуамӕ райса, ахӕм лӕвар. Рухсгӕнӕг Григори Хуыцаузонӕджы загъдау, «мах бахъуыди, буардзыд Чи сси ӕмӕ Кӕй амардтой, Уыцы Хуыцауы сӕр, цӕмӕй Йемӕ цӕрӕм. Йемӕ амардыстӕм мах, цӕмӕй ссыгъдӕг уӕм; Йемӕ райгас стӕм, уымӕн ӕмӕ Йемӕ амардыстӕм; Йемӕ скадджын стӕм, уымӕн ӕмӕ Йемӕ райгас стӕм».  
 
Хуыцауон уарзондзинадимӕ райгас уӕвын — ахӕм у адӕймаджы царды мидис. Фӕлӕ махӕн уыцы стыр нысан нӕ къухы нӕ бафтдзӕн, дунейы Ирвӕзынгӕнӕг кӕй сӕрвӕлтау фӕхъизӕмар кодта, кӕй сӕрвӕлтау амард ӕмӕ райгас и, нӕ уыцы хиуӕттӕн хатыр кӕнын ӕмӕ уыдоны уарзын куы нӕ сахуыр уӕм, уӕд. Мах иу кӕны Йӕ удуӕлдай уарзондзинад, Йӕ Райгасы диссаг, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, Куадзӕны уыцы цин. Кӕрӕдзийы ӕнцой балӕууӕм мах дӕр ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ма бахӕлӕг кӕнӕм нӕ хорз хъуыддӕгтӕ, нӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ, нӕ хъарм ӕнкъарӕнтӕ. Ӕцӕгады Хур — Райгасуӕвӕг Чырысти — ссудзын кӕнӕд нӕ зӕрдӕты барын ӕмӕ уарзондзинады арт, ӕмӕ нӕ алыварс ивылӕд хӕрзаудӕн рухс! 
 Бӕрӕгбӕтты бӕрӕгбон — Чырыстийы Рухс Райгас, иууылкадджын Куадзӕн — иузӕрдионты зӕрдӕтӕ байдзаг кӕны уаз цин ӕмӕ бӕрзонд ӕнкъарӕнтӕй. Хуыцауы уарзон ут, ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй уӕд алы къахдзӕф дӕр! 
Ацы табуйаг бон уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы стыр амонд ӕмӕ стыр хӕрзтӕ, уды хъару ӕмӕ сабыр цард, ӕнӕниздзинад ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон!


ӔЦӔГӔЙ РАЙГАС И ЧЫРЫСТИ!

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер 
ЛЕОНИД

Чырыстийы Куадзӕн
2021 аз
Дзӕуджыхъӕу