ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ ÆМÆ АЛАНИЙЫ ЕПИСКОП, ИУУЫЛБÆРЗОНД ГЕРАСИМЫ КУАДЗÆНЫ ÆРВЫСТÆГ

Дзæуджыхъæуы æмæ Аланийы епископ, Иууылбӕрзонд Герасимы

КУАДЗÆНЫ ÆРВЫСТÆГ

 

Дзæуджыхъæуы епархийы аргъуанты сауджынтæм,

моладзантæ æмæ кувӕг адæммæ

 

Хуыцауы уарзон рæстуд лæгтæ, зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!

Арфæ уын кæнын Хуыцауы Аргъуаны сæйраг бæрæгбоны фæдыл куадзæны райгонд ныхасæй:

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

Нæ Хуыцау Йесо Чырыстийы мæлæт æмæ йæ Райгасы ирвæзынгæнæн цаутæ бындуронæй аивтой æппæт дунейы истори. Аргъуан йæ фæзынды фыццаг азтæй фæстæмæ архайдта Хуыцауæнгæс адæймаджы амæлæты тухæйнаг сусæгдзинадæн дзуапп ссарыныл, Йæ æрвыстады мидис бамбарын кæныныл. Æмæ йын бамбарæн уыд æрмæст иу хуызы: адæмы æмбарынадмæ гæсгæ æнахуыр чи у, ахæм мæлæт Хуыцауы Фыртыл æрцыди æрмæст Хуыцуæн йæхи фæндæй, æмæ уый тыххæй æрфыстæуыд Рагон Фæдзæхсты чингуыты.

Сыгъдæг апостол Павел зæгъы: «Æз уын фыццаджыдæр загътон, мæхæдæг цæимæ сразы дæн, уый, ома Фыстмӕ гæсгæ, Чырысти нæ тæригъæдты тыххæй кæй амард, æмæ ныгæд кæй æрцыд, æмæ Фыстмӕ гæсгæ æртыккаг бон кæй райгас æмæ Кифӕмæ Йӕхи  кæй рапргом кодта, уый фæстæ та дыууадæсмæ; уый фæстæ Йӕхи раргом кодта фондзсæдæ æфсымæрæй фылдæрмæ… уый фæстæ раргом ис Иаковмæ æмæ æппæт Апостолтæм; æппæты фæстæ та раргом ис мæнмæ» (1Кор. 15, 3-8).

Уыцы уырнынад, чырыстон фæлтæрты даргъ халбасты сæрты ахизгæйæ, лæвæрд у махӕн мыггагæй мыггагмæ дæтгæ стыр хæзнайау. Йе стырдæр аргъ уый мидæг ис, æмæ йемæ хæссы ирвæзынады хъуыды. Ирвæзын нæ кæны, Чырыстийыл, мах тыххæй чи амард æмæ чи райгас, ууыл кӕй æууæндæм, уый. Уыдон сты нæ дины ахуырады сæйраг бындуртӕ. Чырыстийы мӕрдтӕй растынгӕнӕг Хуыцау, — Уый у царддæттæг Хуыцау, Йæ адæмы историйы дæргъы Йæхи æдзух Æххуысгæнæг æмæ Аудæгӕй чи æргом кодта, уый.

Йесо Чырыстийы тæригъæдфидæн мæлæт æмæ Йæ ирвæзæн Райгас сты нæ чырыстон дины альфа æмæ омега. Мӕрдтӕй райгасуӕвӕг Ирвæзынгæнæг Йӕхи кӕй раргом кодта, уый ӕнӕгуырысхойӕ æвдисы,  буарæй дæр æцæг кæй Райгас, кæд æмæ бирæты нæ уырныдта, уæддæр. Йесойы Райгасӕн æвдисæнтæ æмбæлынц Хуыцауæн Йæхи ӕнӕбазонгӕ æцæгдзинадимæ. Растӕндӕр уый тыххӕй у зын Евангелиты ӕвдисӕндартӕн Хуыцаураргомы дисӕфтауӕг цау дзырдтæ æмæ фæлгонцты руаджы равдисын.

Йесо Чырысти мæрдæй кæй райгас, уый у рагон рӕстуырнынады æмæ æппæт чырыстон дины сæйрагдæр мидис ӕмӕ иумӕйаг хӕзна. Фæлæ уырнынад нæ цæры хицæнæй æнæуæлдæф тыгъдады. Уыди æмæ ис бирæ æвдисæнтæ, афтæ чи зӕгъы: Йесо Чырысти нæм удæгасæй йæхи раргом кодта. Уыцы æвдисæнты иувӕрсты ахизӕн нӕй, уæлдайдæр дзы бирæтæ се ‘вдисӕнадӕн тухæйнаг туг æмæ сæ царды аргъ кæй бафыстой, уый хынцгӕйӕ.

Чырыстийы Райгасæй нын лæвæрдæуы ныфс, фыдызнагимӕ тохы кæй фæуæлахиз уыдзыстæм æмæ нæм уыцы тохы фаг тых кæй разындзæн. Апостол Павел фыссы, Чырыстийы Райгасæй цæуæг рухс — дунеон историйы æмæ æппæт адæмы, стæй хицæн адæймæгты царды ирвæзынгæнæн фæуд — ног æрцæуæг Боны рухс кӕй у æмæ нын нæ цардмæ рухс кӕй хæссы: «Нæ ирвæзынад нӕм фæхæстæгдæр… Æхсæв фæци, бон та æрбахæстæг: уӕдӕ нӕхи атигъ кӕнӕм талынджы хъуыддæгтыл æмæ нӕхиуыл ӕркæнæм рухсы хотыхтæ» (Рим. 13, 11-12).  Ацы рухс ныл тауы зонындзинад ныры талынг дуджы. Райгасы чырыстон уац нын фидарæй æмæ аудгӕйӕӕ лæвар кæны, ныфс, мæлæт æмæ æппæт фыдбылызты фыдӕнӕн нæ къухы хуыздæр æмæ æххæстдæр цард кæй бафтдзæн, уый ныфс.  Фӕлӕ нын фидар хъуыды æмæ ныфсæй уæлдай лæвæрдæуы «рухсы хæцæнгарз» дæр. Аргъуыды мах райсӕм Чырыстийы амынд, Евхаристийы Сусæгдзинады та ногæй-ногмæ ивæм нæ уды хотыхтæ, цæмæй нæ бон уа нæ монцтимæ тох кæнын.

Кæй уырны æмæ йӕ зӕрдӕ чи дары, уый ныридæгæн дæр райдыдта Хуыцауы Паддзахады рухсы дзаг æмæ æххæст, йæ кæройнаг нысанмæ тырнæг цардæй цӕрын. Чырыстийы Райгасад æмбарæг адæймаг ацы дунейы, мæлгæ цы дуджы акæна æмæ æрбайсæфа, ома «ныртæккæйы дуджы», нæ цæры. Чырыстийыл ӕууæндæг адæймаг цæры уæларвы, æппæтиумæйаг Æрыгасы Хуыцауы рухсæй æрттиваг æмæ цинæйдзаг Хуыцауы Бонмæ æнхъӕлмæгæсгæйæ.

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Рухс Куадзæны фæдыл æмæ уын кувгæйæ мæ зæрдæ зæгъы зындон æмæ мæлæтыл Иууылтыхджын Фӕуæлахизуæвæджы циндзинад, Хуыцауы хæрзаудæн æххуыс куысты æнтыстдзинæдты, фидар тых, сабырдзинад æмæ бирæ цæрæнбон!

ÆЦÆГÆЙ РАЙГАС ЧЫРЫСТИ!

ГЕРАСИМ

Дзæуджыхъæуы æмæ Аланийы архиепископ

Чырыстийы Куадзæн

2024 аз

Дзæуджыхъæу