«ХЪАЗАХЪХЪАГ ХЪÆУ ЧЕРНОЯРСКАЯ. АПОСТОЛТÆ ПЁТР ÆМÆ ПАВЕЛЫ НОМЫЛ АРГЪУАН /КАЗАЧЬЯ СТАНИЦА ЧЕРНОЯРСКАЯ. ХРАМ АПОСТОЛОВ ПЕТРА И ПАВЛА»

«Бинонтае. Мыггаг. Фыдыбаестае./Семья. Фамилия. Отечество».

1-я возрастная категория

II-е место.

 

Гуцунаев Руслан Маирбекович 17 лет /Гуцъунаты Руслан Маирбеджы фырт, 17 аздзыд.

МБОУ СОШ №42 им.Х.Мамсурова

эссе «Хъазахъхъаг хъӕу Черноярская. Апостолтӕ Пётр ӕмӕ Павелы номыл аргъуан /Казачья станица Черноярская. Храм Апостолов Петра и Павла».

 

«Нӕ уӕларвон, нӕ уарзӕгой Фыд!

Дӕуӕн арв у Дӕ бӕрзонд бадӕн!»

Колыты Аксо

Цӕгат Ирыстоны хъуыстгонддӕр хъазахъхъаг хъӕуты ӕхсӕн зынгӕ бынат ахсы хъæу Черноярская. Фыццаг ирон хохӕй ралидзгӕ адӕм ӕрцардысты Мӕздӕджы 1764 азы, уый уыдис афӕдз фӕстӕдӕр Мӕздӕджы фидар арӕзты фӕстӕ. Уӕд дзы цардис ӕхсӕз ирон хӕдзары. 1785 азы та

Мӕздӕджы цард 223 ирон адӕймаджы, 88 хӕдзары. Уыдон сӕ фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ хастой ӕфсӕддон службӕ.

Хъазахъхъаг хъӕу Черноярскаяйӕн бындур ӕрӕвӕрдтой Дыгургомӕй ралидзгӕ Къуыргъосты ӕфсымӕртӕ сӕ бинонтимӕ. Уыдонӕй иу уыдис уырыссаг ӕфсады капитан Тӕвсӕрыхъо, иннӕ ӕфсымӕр Алыкси та -сауджын. Сӕ фӕстӕ уырдӕм Дыгургомӕй ралыгъдысты бирӕ бинонтӕ. Афӕдзы фӕстӕ та баисты цыппор дыгурон хӕдзары.

Мӕ бинонты царды ацы хъазахъхъаг хъӕу, Черноярская, ахсы зынгӕ бынат, у зӕрдӕмӕ хӕстӕг. Ӕмӕ уый хуымӕтӕджы нӕу…

Мӕ мадымадӕн йӕ нана Уӕлаты ( Валаева ) Дарья дӕр йӕ бинонтимӕ ралыгъдысты Дыгургомӕй ӕмӕ арцардысты ацы хъӕуы. Йӕ мой Уӕлаты Захар службӕ хаста императоры къанвойы, уыдис ӕфсӕддон хистӕр. Императоры полчъы Захар уыдис ӕрмӕст иунӕг ирон офицер. Революцийы фӕстӕ йын паддзахы дӕлбартимӕ стӕрхон кодтой, фехстой йӕ. Дарья баззадис идӕдзӕй.

Ацы хъӕуы цӕрджыты `хсӕн уыдис бирӕ ахуыргонд адӕм, инженертӕ, ахуыргӕнджытӕ, ӕндӕр дӕсныйӕдты кусджытӕ, кӕцытӕн сӕ сӕйрагдӕр куыст уыд ӕфсӕддон службӕ. Ӕмӕ уыдоны `хсӕн мӕ мадымады нана уыдис се `ппӕтӕй рӕдаудӕр. Уый разындис ахӕм ныфсджын, хъаруджын сылгоймаг, ӕмӕ 1904 азы январы мӕйы сфӕнд кодта хъӕууон уӕлмӕрдты саразын аргъуан. Рахаста йӕ фӕллӕйттӕ фӕстаг капеччы онг. Аргъуан арӕзт ӕрцыдис апостолтӕ Пётр ӕмӕ Павелы номыл. Аргъуанӕн йӕ бинаг хайы уыдис Уӕлаты зӕппадз.

1904 азы, 29 январы протоиерей Гатуты Алыкси саргъуыдта Уӕлаты Дарья цы аргъуан сарӕзта, ууыл. Протоиерей Гатуты Алыксиимӕ ма уыдысты Хуыцаумӕ кувӕг сауджын Павел Пшеницын ӕмӕ Уазиты мыггагӕй сауджын. Заргӕ та дзы кодта чызджыты ӕмӕ лӕппуты аргъуаны ӕмзарӕггӕнджыты къорд, йӕ разамонӕг та уыдис сауджын Тускаты Алыксандр.

12 июлы Чырыстон диныл хӕст адӕм фӕбӕрӕг кӕнынц сыгъдӕг апостолтӕ Пётр ӕмӕ Павелы сыгъдӕг номы бӕрӕгбон. Ацы боны фӕдыл дзы аргъуаны сауджын Андрей Ряснянский скӕны донӕй аргъауыны куывд, бафӕдзӕхсы адӕмы Хуыцауыл. Ӕрӕмбырд дзы вӕййынц куыд Черноярскаяйы цӕрджытӕ, афтӕ иннӕ хъӕуты цӕрджытӕ дӕр.

Ӕз сӕрыстыр дӕн мӕхицӕй, мӕ мадымады нана Уӕлаты Дарья кӕй сарӕзта сыгъдӕг апостолтӕ Пётр ӕмӕ Павелы номыл аргъуан, кӕй на бахӕлӕг ӕмӕ бавгъау кодта йӕ бынтӕ, йӕ фӕллӕйттӕ, кӕй сӕ ратта ахӕм стыр хъуыддагӕн, уымӕй. Тынг ӕхсызгон ма мын у, ӕмӕ ӕз дӕр кӕй базыдтон мӕ мад Гуцунаты Верӕйӕ ацы удысыгъдӕгдзинады хабар, уый.

Мӕ бон фидарӕй у зӕгъын, Дарья кӕй фæхъæздыгдæр кодта Чырыстон дины Хуыцаумæ кувӕг адӕмы миддуне.

Æз сӕрыстыр дӕн, мӕ хæстæджыты æхсæн Дарьяйы хуызæн фæзминаг сылгоймаг кæй разынд, уый! Хуыцау зæгъæд, æмæ ахæм адæмтæ не `хсæн фылдæрæй фылдæр куыд кæна!

Хуыцауы фæдзæхст уæм не `ппæт дæр!