«ХОРЗ АДÆМÆЙ ФАРН ЦÆУЫ /ОТ ХОРОШИХ ЛЮДЕЙ ИСХОДИТ БЛАГОДАТЬ»

 

I-е место

 

Дзæуджыхъæуы

45-æм муниципалон гимназы

10 «А» къласы ахуыргæнинаг

Хъазахты Дмитрийы чызг Вероникæйы

сфæлдыстадон куыст-эссе

Казахова Вероника Дмитриевна

Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ арæх хъуыстон мæ хистæртæй иу диссаг æмæ æнахуыр ном. Нырма йæ не мбæрстон, ацы ном мæ мад æви мæ нанайы у? Секъа-баба, Секъа, æмæ та ногæй Секъа- баба...Цасдæр рæстæджы фæстæ мæ базонгæ кодтой мæ бинонтæ, уыцы алæмæттаг номы хицауимæ. Йæ ном куыд тыхджын, аив, зæрдæмæ хæстæг уыди, йæ уынд та уымæй æмбисонддæр. Къамæй мæм каст рæсугъд лæг ирон цухъхъайы, халас сæрыхъуын, уæздан, фæлмæн, фæлæ тынг фæллад цæстæнгас... Уæларвон зæды хуызæн мæм фæкастæ къамы. Цымæ мæм исты сдзурынмæ хъавыд, кæннод æй рагон хабæрттæ радзурын фæндыд, æви дæ бирæ бинонты фæдонтæм дæ зæрдæ хсайы? Цы дын зæгъон? Дæ рыст зæрдæ дын цæмæй барухс кæнон, ме ‘нæзонгæ баба? Уæд та мын дæхæдæг дæ хабæрттæ куы ракæнис. Нæ, æз дзурын дæу тыххæй, мæ баба.

Дисы мæ æфтыдта дæ ахуырмæ тырнындзинад, æстдæсаздзыдæй дын чиныджы уæрæх дуарттæ байгом сты. Базыдтай кæсын æмæ фыссын иронау, уырыссагау, гуырдзиагау. Дон нуазын æмæ кæрдзын хæрынæй уарзондæр дын фесты чингуытæ кæсын. Уæлдай æнувыд та уыдтæ Къостайыл, йæ «Ирон фæндыры»-ыл. Кастæ сæ æхсæвæй-бонæй дæ бинонтæн, дæ сыхæгтæн, дæ бирæ æмбæлттæн. Дурты бынæй цы стыр курдиат стыдта, уый та домдта йæхимæ уарзон цæстæнгас. Кърандас æмæ гæххæтты гæбаз уыдысты дæ удæнцой, дæ хъуыдыты суадоны гуырæн. Иу уацмыс иннæйæ диссагдæр, зæрдæмæдзæугæдæр. Дзырдтой Иры сылгоймæгтæ сæ уæззау цардыл, æнæзæхх хохаг кодта уæндоной йæ царды хабæрттæ, дисы æфтауы абондæр адæмы Азау æмæ Таймуразы сыгъдæг уарзондзинады симфони. Тæхуды кодтай Ирыстоны хорздзинадмæ, иудзинадмæ, сæрибармæ.

Дæ сæйрагдæр куыст- диакъоны æххуысгæнæг. Ацы куыст фæкодтай дæ цæрæнбонты. Стыр бинонты хицау, æхсæз лæппуйы æмæ чызг: Заликъо, Цомахъ, Адодта, Къоли, Петкæ, Верæ, Афони. Иунæг уæвгæйæ, æнæ хо,æнæ æфсымæр, куыд хъал уыдтæ дæ «бæзджын» бинонтæй! Гыццыл мызд, æнæ зæхх, æнæ фыдæлты мулк, цæй фаг уыдысты? Ныхъхъуыды кодтай æмæ дæ уарзон Хъуды ком, дæ райгуырæн къуым ныууагътай хуыздæр цардагур, ралыгъдтæ Цæгат Ирыстонмæ. Дæхи ма хæр, мæ уарзон хистæр, уый дæ Фыдыбæстæ нæ ныууагътай, фæлæ сарæзтай фидар æфсымæрон хид дыууæ Ирыстоны хсæн. Дæ амæлæтмæ дæр уыдтæ дæ комæн, Ганисы хъæуæн уарзон, куырыхон хистæр, тæрхонгæнæг, фидауæг,æхсæны лæг. Фæлæ зæхх туджы аргъ уыд, дæ къухы нæ бафтыд ам дæр, æмæ та аргъуаны дæлбазыр бакодтай дæ бинонты. Цæмæй ма тыхстаиккой, уый тыххæй алы куыст дæр кодтай; кæмæн хос карстай, кæмæн хуым кодтай, кæмæн суг састай. Уыцы уæззау рæстæг дæр дæ æнусон бæллиц уыд, дæ кæстæртæн ахуыры фæндаг байгом кæнын. Ды, мæ баба, зыдтай, æнахуыр лæг мæгуыр кæй у, куырм æмæ къуырма. Дæ кæстæртæн не ‘вгъау кодтай зондамонæн ныхас, ахуыр сæ кодтай куыстыл, Фыдыбæстæ уарзын, бинонтæ æмæ мыггаджы кад бæрзонд хæссын, мадæлон æвзагæн - мады кад кæнын. Дæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фесты, дæ кæстæртæ сахуыр кодтой, аккаг бынаттæ æрцахстой. Дæ бинойнаг- уæздан Битъарыгон, уыди рæдау æфсин бацæуæгæн, уарзæгой мад уæ цотæн, дæуæн та стыр ныфсдæттæг. Мæгуыр, фæлæ лымæнæй цардыстут. Уæ бинонтыл уæззау рæстæг ныккодта, Цомахъы куы æрцахстой, уæд. Уæхицæн бынат нал ардтад, мад куыдта куы æргомæй куы та сусæгæй, æфсымæртæ æмæ хо уыцы тызмæгæй æрвыстой сæ бонтæ. Æрмæст ды, мæ баба-Секъа, цыбыр рæстæгмæ ныггуыбыр дæ, де стыр ныфс, дæ уарзондæр хъæбул стыр фыдбылызы бахауд. Дæ зæрдæйы зынæй, дæ уды тыхстæй, де стыр уарзондзинадæй та райгуырдысты хъарæг-зарæджы ныхæстæ.

Ахæстон фæкодтон хос, хъæмпыхæлттæй:

Мæ уалдзæджы цин ды бæргæ уыдтæ.

Ды куысты уæлхъус, йе дæ фæллад уадзгæйæ ацы ныхæстæ зарæджы хуызæн кодтай. Нал фембæлыдтæ, нал дын бантыст Цомахъимæ ацæрын. Тынг зæрдæхсайгæйæ, фæлладæй ацыдтæ цардæй. Рæстæг цæуы, иу фæлтæр ивы иннæйы, фæлæ адæмы лæг нæ мæлы, уый ныууадзы рæсугъд фæд.

Дæ кæстæртæ дын дæ ном сыгъдæгæй хæстой æмæ хæссынц. Цомахъ – де стыр ныфс, дæ сомыгæнæн. Йæ адæмимæ æнгом баст уыдис, йæ цард дæр радта йæ адæмы рухс сомбоныл. Тынг хорз зыдта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ æмæ фыста сæ дыууæйыл дæр. Йæ фæллæйттæ ирон литературæйы ахсынц зынгæ бынат, сты абондæр тынг актуалон. Куыста Ирыстоны кусæндæтты бæрнон бынæтты. Уыд Цæгат Кавказы хæххон педагогон институты ректор, Цæгат-Ирыстоны наукон-иртасæн институты директор...

Дæ иунæг чызг Верæ уæлдæр ахуырад райста æмæ куыста ЦИПУ. Рæзгæ фæлтæрæн йæ зонындзинæдтæ хæларæй лæвæрдта. Бабу Верæйæн æз йæ æртыккаг фæлтæр дæн, Хъазахты Вероникæ. Ахуыр кæнын Дзæуджыхъæуы 45-æм муниципалон гимназы 10-æм къласы. Уæдæ мæ гимназы разамонæг дæр, дæ туг де стæг у. О, О! Дæ фырт Алыксандыры чызджы чызг- Мзокты Аллæ. Дæ рæсугъд æддаг бакастæй, зондæй, сæрæндзинадæй бæркадджын хай бакодтай Аллæйæн. Уый хъомыл кæны разгæ фæлтæр, дæтты сын арф зонындзинæдтæ. Йе ‘фсымæрыл та дæ ном сæвæрдтой -Георги. Уый мидхъуыддæгты министрады булкъонæй фæкуыста 25 азæй фылдæр. Никуы никæй бафхæрдта æнæхъуаджы, барæй, уымæн æмæ йæ тугдадзинты ис дæ уæздан туджы æртах.

Мæ бабайæн æвæрд æрцыди аргъуаны кæрты æмæ Дзæуджыхъæуы рæсугъддæр уынгтæй иуы цыртдзæвæн, стыр кад ын скодтой. Адæм цæуынц дидинджытимæ, рухсаг у, рухсаг фæзæгъынц, йæ ном ын фæмысынц. Æз та бацархайдтон Гæдиаты мыггаджы бæлас саразыныл.(Кусдзынæн ма йыл.)

Мæ буц хистæр уыд Ирыстоны стыр патриот, хъуыдыгæнæг,дзырды дæсны , æнусы лæггадгæнæг æмæ,æз, йæ кæстæр,сæрыстыр дæн.

Хорз лæгæн йæ кой нæ сæфы. Йæ хъуыддæгтæ нæ мæлынц.