7 декабры Дзæуджыхъæуы уыд Дзæуджыхъæуккаг епархийы советы æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы епископ Леонид.
Ирыстоны Уастырджийы номыл фæндзæм епархиалон бакастытæ «Чырыстон дин. Этнос. Культурæ»-йы рæстæг Епархийы советы уæнгтæ стыр аргъ скодтой епископ Леониды пленарон докладæн æмæ йæ банымадтой хорзыл. Равзæрстой йæ дарддæр епархи цы принциптæм гæсгæ кусдзæн æмæ рæздзæн, уый æмæ паддзахад æмæ æхсæнадимæ æмгуыстады стратегийæн.
Бакастыты резолюцийыл æрныхасы фæстæ æмбырды архайджытæ цы хатдзæгтæ скодтой, уымæ гæсгæ Чырыстон Уырыссаг Аргъуаны архайд РЦИ- Аланийы рахызт ног æмвæзадмæ. Уымæн ахъаз фæцис Дзæуджыхъæуккаг епархи ног кæй æрбындурон, æмæ алайнаг Чырыстон дины традицитæ кæй сæндидзын кодтой, уый. Ацы хъуыддагыл æнæфæзынгæ нæ фæцис аргъуан алайнаг культурæ æмæ ма нæ республикæйы цы адæмыхæттытæ цæры, уыцы адæмы культурæтæ бахъахъхъæнынмæ цы æвæрæн бахаста, уый дæр.
Уастырджийы номыл бакастыты документты ахсджиаг бынат ахсы Чырыстон дины историон æмæ культурон ахадындзинад Алани-Ирыстоныл куыд фæзынд, цавæр зилдухæнтыл цыд, Алайнаг адæмы царды Чырыстон дин сæрмагонд бынат кæй ахста, æмæ сыл куыд ахадыд, фыццагхатт уартæ суанг апостолты дуджы Зæрдæвæрæн хабар куыд фехъуыстой æмæ X æнусы райдайæны ныгуылæны чырыстон дунейы æнæфæхицæнгæнæн хай кæ ссис. Уымæн уыд хорз фæстиуджыты нысаниуæг, уыимæ Уæрæсейы хорзæн геополитикон равзæрст – Византийаг империйы æххæстбарджын.
Епархийы фæбæрæг кодтой, «скифаг æмæ индоирайнаг дуджы рагон традицитæ æмæ чырыстон дины рухс кæм баиу сты, уыцы алайнаг адæмы хъæздыгдæр культурæ бахъахъхъæнын æмæ йе 'сфæлдыстадон райрæзт куыд вазыгджын сты», уый. Фæнысан кодтой, Уырыссаг Чырыстон Аргъуан алайнаг (ирон) национ скъола сног кæнынмæ цы ахсджиаг æвæрæн хæссы, уый.
Бакасты архайджытæ æмхуызонæй загътой, аргъуаны æрвылбоны царды бакуывттытæ ирон æвзагыл куы уой, уæд стыр ахъаз кæй æрхæсдзысты ирон æвзаг æмæ ирон музыкалон культурæ бахъахъхъæнын æмæ рæзтæн. Уый Чырыстон дины кусджытыл æвæры ноджы стырдæр хæс, уымæн æмæ уырыссаг æвзагæй ратæлмац кæнын хъæуы тексттæ, сæ музыкалон интерпритацитæ. Бацæттæ кæнын хъæуы домæнтæн дзуапп чи дæтта, йæ цæттæдзинад бæрзонд кæмæн уа, ахæм сæрмагонд кадртæ. Резолюцийы ма дзырдæуыд, Сыгъдæг Фысты Зæронд Фæдзæхст æмæ Ног Фæдзæхсты фыццаг æххæст æмбырдгонды тæлмæцгæнæн куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ сæ мыхуыры рауадзыны ахсджиаг куыстæн цы стыр ахадындзинад æмæ нысаниуæг ис, уый тыххæй. Епархийы советы хъæппæрисæй 7 декабры равзæрстой Хуыцаумæ куывтытæ æмæ Сыгъдæг Фыст ирон æвзагмæ тæлмацгæнджыты куысты фæдыл сæрмагонд къамис.
Бакастыты æрдзуринаг фарстатæй иу уыд Аргъуан, паддзахад æмæ æхсæнады æмгуыстад Аланийы фыдæлтæй баззайгæ культурон хæзнатæ – цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнын, æмæ сæ адæмæн зонын кæныны нысаны фæдыл. Форумы резолюцийы ныхас цыд, культурон хæзнатæ бахъахъхъæныны хъуыддаг иумæйаг хъарутæй, æнæ дихтæ кæнгæйæ, сæххæст кæнынæн цы стыр ахадындзинад ис, уый тыххæй. Хъуыддагæн пайда уаид сæрмагонд профилон фонды æххуыс дæр. Хæстæгдæр рæстæг, Дзæуджыхъæккаг æмæ Алайнаг епархийы сфидар уыдзæн, арæзтад, реконструкци æмæ реставрацийы бæрнон куыстытæм йæ хъус чи дара æмæ сын дзуапп чи дæтта ахæм Æхсæнадон совет.
2016 азы 23-24 ноябры Дзæуджыхъæуы Уастырджийы номыл кафедралон аргъуаны æмæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы æмбырдтæ аразæн залы уыд Уастырджийы номыл V епархиалон бакастытæ «Чырыстон дин. Этнос. Культурæ». Традицион ссис ацы бакастытæ адæмон бæрæгбон Джеоргуыбайы кувæн къуыри аразын – уыцы къуыри адæм сыгъдæгзæрдæйæ фæкувынц Ирыстоныл уæларвæй аудæг æмæ йын ахъазгæнæг Сыгъдæг бирæхъизамаргæнæг Уæлахизхæссæг Уастырджийы.
Форум арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуккаг епархийы хъæппæрисæй. Архайдтой дзы республикæйы раззагдæр наукон æмæ ахуырадон ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ, дины кусджытæ, паддзахад æмæ æхсæнадонкусджытæ, культурæ, аивад æмæ литературæйы къабæзты интеллигенци Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй.
Æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуккаг епархийы архайды арæнтæ ноджы фæуæрæхдæр кæныныл æмæ Аланийы Аргъуыды 1100 азы историон цау аккаг уагыл сбæрæг кæныныл. «Юбилей сбæрæг кæнын нысан у йæ уидæгтæ æнусты сæрты арф кæмæн ацыдысты, уыцы культурæ æмæ традициты историон æцæгдзинад сфидар кæнын æмæ нæ дарддæры куыст ноджы æнтыстджынæй æххæст кæнын», - загъдæуыд форумы резолюцийы.