Ирон аргъуаны сауджын Хъуысаты Игорь 'сси равдыст "Цы сусæг кæныс" - ы уазæг

Афтæ фæзæгъынц, адæймаг куы райгуыры, уæд ын Хуыцау йæ хъысмæт сбæрæг кæны æмæ цавæр фæндагыл цæудзæн, уый. Цавæр уыдзæн, уый ничи зоны. Фæлæ нæ алкæй бон дæр у царды фæндагыл цæугæйæ йыл, рæсугъд къахдзæфтæ ныууадзын. Адæмы уарзын æмæ сын æххуыс кæнын, дæ фарсмæ чи ис, уымæн маст ма кæнын æмæ рæсугъд хъуыддæгтæ аразын. Уыдон та цымæ цавæр сты? Сæ рæсугъддзинад сын бæрæг кæны?! Алчидæр йæхæдæг æви домæнтæ ис. Мæнмæ гæсгæ нæ ахæм фарстатыл бирæтæ фæхъуыды кæнынц.