Мæскуы æмæ Æгас Уæрæсейы Патриарх йæ рухсдзинад Кириллы Цыппурсы арфæйы фыстæг

МӔСКУЫ ӔМӔ ӔГАС УӔРӔСЕЙЫ ПАТРИАРХ

ЙӔ РУХСДЗИНАД КИРИЛЛЫ

ЦЫППУРСЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

алчертæ, сауджынтæ, диакъонтӕ, моладзантæ

æмæ Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны æппæт иузæрдион хъæбултæм

 

Рухсгонд алчертӕ,

фӕрныг сауджынтӕ ӕмӕ диакъонтӕ, хуыцаууарзаг моладзантӕ,

зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Ацы фарны ӕхсӕв сымахӕй алкӕмӕн дӕр ӕрвитын мӕ зӕрдиаг салам ӕмӕ уын арфӕ кӕнын Йесо Чырыстийы Рухсрайгуырды стыр бӕрӕгбоны фӕдыл. Цыппурс у адӕмы фервӕзтыл дзурӕг рагон ныфсӕвӕрдты сӕххӕсты бӕрӕгбон, Дунедарӕг Йе сфӕлдыст дуне цы ӕнӕразӕгъгӕ уарзтӕй уарзы, уый нысангӕнӕн бӕрӕгбон, а дунемӕ Хуыцауы Фырты – Мессиайы ӕрцыды стыр бон.

Хуыцауы Фырты буардзыдӕй рантысты сусӕггады тыххӕй ивгъуыд ӕнусты сыгъдӕг фыдтӕ бирӕ хъуыдытӕ загътой. Ныр мах дӕр уыдонау бӕрӕгбоны куывдтытӕ ӕмӕ зарджыты ныхӕстӕм нӕ хъус дарӕм, нымдгӕнгӕйӕ иртасӕм Сыгъдӕг Фыст нын ацы цауы тыххӕй цы дзуры, уый, ногӕй ӕмӕ ногӕй дис кӕнӕм ӕнӕфенгӕ диссагыл.

Йесойы Рухсрантыстыл хъуыдыгӕнгӕйӕ,  Ног Хуыцаузонӕг Чырыстингӕс моладзан Симеон фыссы: «А дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ, Хуыцау (…) Йӕ Хуыцауон Удыхъӕд баиу кодта адӕймаджы ӕрдзыхъӕдимӕ, цӕмӕй адӕймаг суа хуыцау, ӕмӕ уыцы Хуыцауы Фарнӕй ӕххӕст адӕймаджы ӕнӕразӕгъгӕ ӕгъдауӕй бацӕуа ӕмӕ ӕрцӕра Ӕртӕиуон Стыр Хуыцау» (10 Ныхас). Чырыстингӕс Ефрем Сириаг та Хуыцаубуардзыды тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Хуыцау Йӕхиуыл адӕймаджы нысан сӕвӕрдта, цӕмӕй адӕймаг дӕр фӕлыст ӕрцӕуа Хуыцауы нысанӕй (Чырыстийы Рухсрайгуырды бӕрӕгбоны зарджытӕй).

Сыгъдӕджыты уыцы куырыхон ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, нӕхӕдӕг нӕхи бафӕрсӕм: цӕй фӕрцы у нӕ бон уыцы Хуыцауон нысанӕй фӕлыст ӕрцӕуын? Куыд баххӕссӕм, адӕмы сӕ Раттӕг дунесфӕлдысты заманӕй нырмӕ кӕмӕ цӕттӕ кӕны, уыцы Хуыцаунгӕсдзинадмӕ? Куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй схайджын уӕм Чырыстийы удыхъӕдӕй (Гал 4:19)? Дзуапп хуымӕтӕг у: нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы фӕдзӕхстыты фӕдыл ацӕуыны фӕрцы. Сыгъдӕг апостол Павелимӕ уӕм иумӕ сидын, мӕ зынаргъ хъӕбултӕ: «Иу уӕ иннӕйы царды уаргъӕй бахай кӕнӕд йӕхицӕн, ӕмӕ афтӕ сӕххӕст кӕндзыстут Чырыстийы ӕгъдау» (Гал 6:2) Уарзгӕйӕ алцӕмӕн дӕр фӕразут ӕмӕ ссардзыстут уды фарн ӕмӕ ӕнцойад. Алкӕмӕ дӕр ут зӕрдӕхӕлар ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, «ӕмӕ уын уӕ цин байсын никӕй бон бауыдзӕн» (Ин 16:22). «Быхсыны фӕрцы ирвӕзын кӕнут уӕ удтӕ»(Лк 21:19) – ӕмӕ ӕнусон цард уӕ хай бауыдзӕнис.

Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй мах, чырыстӕттӕ, хӕрзӕгъдаудзинады бӕрзонд идеалтӕ ӕххӕст кӕнынынмӕ ӕрмӕст иннӕтӕм ма сидӕм, фӕлӕ ма нӕхӕдӕг дӕр нӕ ӕрвылбоны царды ӕххӕст кӕнӕм уыцы бӕрзонд ӕгъдау, фыццаджыдӕр та йӕ царды фидар кӕнӕм ӕмӕ ӕвдисӕм, нӕхионтӕн лӕггадгӕнгӕйӕ. Ӕмӕ уӕд, Хуыцауы фӕрцы, нӕ зӕрдӕты бынат уыдзӕнис Сыгъдӕг Уды ӕцӕг хорзӕхтӕн: уарзт, цин, фарн, бирӕфӕразондзинадӕн; уыдзыстӕм зӕрдӕхӕлар, рӕдау, Хуыцаумӕ кувӕг, сӕрныллӕг, хиуылхӕцгӕ (Гал 5: 22–23).

 «Нӕ кӕрӕдзиуыл ӕнувыд уӕм, кӕрӕдзи разӕнгард кӕнӕм уарзт ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дз 10, 24). А дунейӕн Буарыдзыд Ирвӕзынгӕнӕджы тыххӕй нӕ иууыл уырнинагдӕр уацамынд уыдзӕни, быцӕутӕ ӕмӕ дихтыл куы фӕуӕлахиз уӕм, хъуыддагӕй куы равдисӕм рӕстамонӕг чырыстон дины диссаджы рӕсугъддзинад ӕмӕ удварны тых.

Мах бакъахдзӕф кодтам ног, дыууӕ мин ӕвддӕсӕм азы къӕсӕрӕй. Сӕдӕ азы рацыди, стыр ӕмӕ бирӕнацион Уӕрӕсейы цард цӕхгӕрмӕ чи фӕивта, мидхӕсты сонт арты йӕ чи баппӕрста, сывӕллӕтты сӕ ныййарджыты, ӕфсымӕр ӕфсымӕры ныхмӕ чи скодта, уыцы цаутӕй. Уыцы рӕстӕджы нӕ адӕм цы стыр хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдон сты миназыккон паддзахады фехӕлд ӕмӕ адӕмы динӕууӕнчы ныхмӕ тохы  фӕстиуджытӕ. 

Зӕрдӕбынӕй ӕмӕ аргъуыцгӕнгӕйӕ мысӕм мах абон Чырыстийы сӕрыл ног мӕлӕтрайсджыты ӕмӕ зын дуджы Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивӕг ӕнувыд чырыстӕтты сгуыхтдзинад. Мах уырны: уыдоны куывдтытӕ фехъуыстысты Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕлахизы хъомыс саккаг кодта Уый нӕ адӕмӕн цыфыддӕр знагимӕ тохы, сразӕнгард ӕй кодта хъазуатон куыстмӕ, цӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууа ӕмӕ ногӕй сӕрттива, хӕсты цӕхӕр кӕуыл сирвӕзти, уыцы бирӕфӕразон бӕстӕ.

Табу Хуыцауӕн, Йӕ хорзӕхы фӕрцы та диссаг ӕрцыди, ӕмӕ нӕ адӕм ногӕй Хуыцауыл баууӕндыдысты, пырхгонд кувӕндӕттӕ сӕндидзын кодтой, фӕзындис ног аргъуантӕ ӕмӕ моладзандонтӕ. Уый, адӕмы зӕрдӕты стыр ивдзинӕдтӕ кӕй ӕрцыди, ууыл дзурӕг у.          

Фӕстаг дӕсазонты нӕ царды уыдис ӕмӕ нырма дӕр ис бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрӕнтӕ. Фӕлӕ уыдон рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ  сӕ тӕрсын нӕ хъӕуы.  Ивгъуыд ӕнусы фыдӕвзарӕнтӕ нын зондзонӕн фесты ӕмӕ, Хуыцауы фӕрцы, фидӕны нӕ бон бирӕ рӕдыдтытӕй бауыдзӕни нӕхи бахизын. 

Уӕдӕ ӕдӕрсгӕйӕ цӕуӕм ирвӕзыны фӕндагыл, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис. Фидар кӕнӕм не ууӕнк  Дунедарӕгыл, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис. Ӕнӕфӕцудгӕ уӕд нӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис. Стырӕй-стырдӕр кӕнӕм нӕ уарзт ӕмӕ тауӕм хорзӕхтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис.

Иунӕг Хуыцауы ныфсӕй аразӕм нӕ цард,  уымӕн ӕмӕ Уый у «ӕнусмӕйы фидар» (Ис 26:4) ӕмӕ, апостол Петры загъдау, «ӕндӕр ирвӕзынгӕнӕг нӕй» (Хъ.4:11). Чырыстийы рухс нын нӕ зӕххон фӕндаг цы рухс кӕна, ӕмӕ нӕ уыцы фӕндаг, Хуыцау, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн цы Уӕларвон Паддзахад ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм цы бакӕна, ахӕм хорзӕх нӕ уӕд.

Абон зӕрдӕбынӕй цин кӕнын уемӕ, мӕ зынаргъ хъӕбултӕ. Кӕд цӕргӕ алы ӕмӕ алы бӕстӕты, сахартӕ ӕмӕ хъӕуты кӕнут, уӕддӕр сымах  Чырыстийы иугонд Аргъуан стут, ӕмӕ уын мӕ куывдтыты Хуыцауӕй курын уд ӕмӕ буары ӕнӕниздзинад. Фарнимӕ уӕд уӕ бинонты цард ӕмӕ куыст!  Вифлеемы Рантысӕг Хицау ӕмӕ  Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти нын ахӕм хорзӕх ракӕнӕд, цӕмӕй нӕ алчи дӕр зӕрдӕйӕ банкъара, Хуыцауы Фырт кӕддӕриддӕр немӕ кӕй ис, уыцы ӕхцон ӕцӕгдзинад.   

Аммен!

 

 

                               МӔСКУЫ ӔМӔ ӔГАС УӔРӔСЕЙЫ ПАТРИАРХ КИРИЛЛ

2016/2017 азы Цыппурс