АДÆМЫ ИУГÆНÆГ, АДÆМЫЛ АУДÆГ, НЫЙЙАРÆГАУ СЫЛ УАРЗТ ТАУÆГ

Знон Мæздæджы цæрджытыл хур дæр уæлдай ирддæрæй каст. Кадджын уавæры бæрæг  кодтой Мæздæггаг Мады-Майрæмы уазнывы бон. Аргъуаны кусджытæ, бынæттон цæрджытæ, алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ, æхсæнадон организацитæ, "Хæлардзинады хæдзар"-ы кусджытæ, фæсивæд  Чырыстон дины  тырысатæ æмæ Мады-Майрæмы уазнывимæ  куывдтытæ заргæйæ дзæнгæрджыты зæлтæм æрзылдысты Майрæмыкуадзæны аргъуаны алыварс. Йæ уазныв ын хастой уынгты, Ирыстон ыл фæдзæхсгæйæ, хæрзтæ дзы кургæйæ.  Сæ размæ-иу уынгты рацыдысты бынæттон цæрджытæ æмæ-иу систы се 'мкувджытæ.

Афтæ мæйы дæргъы уазнывимæ æрзилдзысты, Мæздæджы районы цы аргъуантæ ис, уыдоныл се 'ппæтыл дæр.

Уазныв Мæздæджы цæрджытæн балæвар кодта паддзах Тамарæ  XIII æнусы. Епископ Гай уазнывæн самадта кувæн бынат, æмæ фæстæдæр уым арæзт æрцыд стыр аргъуан. Адæмы уазнывы раз Мады-Майрæммæ кувгæйæ, дзæбæх кодтой уæззау низтæй, кодта сын æххуыс царды æрвылбоны тыхтухитæн бафæразынæн. Уазнывæй цы хъару цæуы, уый хæссы удæнцой. Адæмæй бирæтæ райстой чырыстон дин, ацы уазнывмæ кувгæйæ, цы хорздзинæдтæ æрцыд, уыдон хи цæстæй феныны фæстæ. Мады-Майрæмы уазныв 1895 азæй фæстæмæ кадджын цыдæй кувгæйæ æмæ йыл адæмы фæдзæхсгæйæ  хæссын райдыдтой Ирыстоны чырыстон æмæ пысылмон хъæуты дæр. Нымад у адæмы иугæнæг, адæмыл аудæг  æмæ сыл ныййарæгау йæ уарзт тауæгыл. Хæссы сын Хуыцауы хорзæхæй цардхъомдзинад, удæнцой, фæлмасдзинад, сабырдзинад, ном æмæ рухс талæнтæ  дæттæг монон хъомыс. 

Уыцы мадзал ссис традицион, æмæ йæм бирæтæ сæхи фæцæттæ кæнынц, куыд стыр бæрæгбонмæ.

 

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ