«Иу уынджы стъалытæ /Звезды одной улицы»

Владикавказская и Аланская епархия начинает публикацию эссе на осетинском языке, ставших победителями конкурса «Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ./Семья. Фамилия. Отечество». Сегодня вашему вниманию представлена работа Даура Каурова (75 лет) «Иу уынджы стъалытæ /Звезды одной улицы» - добрые, полные ностальгии воспоминания о своих односельчанах.

 

3-я возрастная категория

II место

Кауров Даур Каурбекович, 75 лет/Хъауыраты Дауыр Хъауыры фырт, 75 аздзыд.

«Иу уынджы стъалытæ /Звезды одной улицы»

 

«Люди, люди – высокие звезды»…Р. Гамзатов.

 

 

Арыхъхъы рагъыл - Дурджынбæрзонд - Уастырджийы быдираг кувæндон. Йæ тæккæ бынмæ - Заманхъул. Хурзæрдæ адæм, Хуыцауæй арфæгонд йæ цæрджытæ. Цыргъзонд æмæ дзырдарæхст… Ам, Дурджынбæрзондæй куы афæлгæсай - «армытъапæны» зыны хъæубæстæ, æгас Ирыстон дæр… Гитлерон фашисттæ уæлæ хъæдыл ауылты хъуамæ атындзыдтаикой Бакуйы нефтцъирæнтæм, фæлæ сæ ацы ран арв æркъуырдта… Нал бахæццæ сты кувæндоны уонг…

Гъемæ хъæуы сæрæй хъæуы бынмæ ацы арфæйаг уынджы цы зæххон стъалытæ сыгъди, уыдоныл Арвайдæнæй афæлгæсæм. Хъæуæн йæ бындурæвæрæг прапорщик Хъуысаты Берд ам æрцарди - уæллагкæрон. Уæрæсейы паддзах ын йæ иузæрдион службæйы тыххæй ацы бæстыхай балæвар кодта: «Сараз дзы дæхи номыл дæ хъæу! У къæрцхъус! Хуыцауæн дæ - йæ хорзæх! Абырджытæй æдас ран у…» - фæдзæхста йын. Амæ абон дæр ма сыхаг адæмыхæттытæ - Мæхъæл, Цæцæн, Кæсæг фæзæгъынц «Бердыюрт», Бердыхъуаззæ», - ома Бердыхъæу…

Дарддæр уынгыл уым дæлæма цæст ахæссæм: иннæ зæххон стъалы - Уарæсейы паддзхы штапс-капитан - Мыртазты Мыртаз. Фæцæф æмæ йæ хæстон рынчындоны уаты уæлгоммæ хуысгæйæ иу сагъæс уæгъд нæ уагъта: «Цæмæ арæзт у мæнæ ацы æхсаргард? Цæмæн адæмы сæртæ къуыра?.. Æмæ уæд чиныг та, чиныг?..Арвы æмæ Зæххы сусæгдзинæдтæ кæй фæрцы базонæм?.. Бавдæлд æмæ йæ къонайæ сарæзта скъола… Хъаубæсты æвзыгъддæр сываллаттæ йæм хæлофы тындзыдтой. Æмæ йæхæдæг цы зонындзинæдтæ райста царды, стæй гимназы, уыдон сын æнæвгъауæй амыдта. Мыртазы скъолайы иу райдайæн къластæ каст чи фæци, уыдон æнцонæй хызтысты асинтыл уæлдæр ахуырмæ. Уый кæмæндæрты цагъта сæ тъæнгтæ, æмæ йыл алы хахуыртæ мысыдысты…Афтæ, гъе, уыцы, æлгъыст 36-ам аз сар баисты йе 'скъола, æмæ йæ къона… Агæрах æй кодтой…

Уынджы дарддæр - иннæ зæххон Стъалы - Хъуысаты Сабих. Хæрзмыггаг бæхрæгъауы дæсны! Хæрзмыгаг бæхтæ æрвыста фронтæн уыцы хæстарыд азты. Æмæ хъæубæсты тæурæгъæн баззад: «Уастырджи дæр дам, йæ Афсургъ - урс Аласа Сабихы бæхрæгъауæй раласта…»

Хуыцауы комытæф кæамæ хæццæ кодта, ахæм куырыхонтæ уыдысты ацы уынджы хистæртæ: Хъуысаты Арæт, Сатцоты Агуыбечыр, Дзиойты Хъауырбег, Зæнджиаты Уырысби, Хъуысаты Рая, Хъуысаты Бетъо ( абон дæр æгас), Бæцæзаты Темырхъан. Адон иу зарæджы лæгау-лæгæн йæ ном æнæмæлгæ скодтой. Афтæ абон дæр-ма Иры дзыхъхъы азæлынц сæ хъæлæстæ радиойæ - кады зарджытæ - æфсады инæлар Дзусты Ибрæгимыл, Испанийы хæсты хъæбатыр Зæнджиаты Адамыл, хъаубæсты лæгдзинад равдисæг Цорæты Алиханыл, Кодзырты Дзæрæхмæтыл, Зæнджиаты Зауырбегыл, Хъодзаты Сымайлыйыл, Цорæты Хъазыбегыл æмæ ма кæуылдæрты. 1953 азы та сын Сталиныл æмæ Цæлыккаты инæларыл сконд зарджыты тыххæй Республикон конкурсы лавæрд æрцыд фыццаг бынат, зынаргъ фæндыр æмæ æхцайы преми.

Знаджы цырыхъ сау фæдтæ уагъта Райгуырæн Зæххыл. Æмæ ацы уынгæй дæр бирæ цæрынъхауаг фасивæд абырстой тохы быдырмæ. Чидартæн дзы здæхти фæстæмæ сæхи бæсты «сау гæххæттытæ». Уыцы фыдохы азты мæ сыхаг - Сохъыр (Темболат Зæнджиаты) постхæссæгæй куыста. Йæ зæрдæ-иу риуы базгъæлæнтæ: «Цы ныфсæй ратдзынæн æнамонд сидзæртæм ацы «сау гæххæт?». Сау гæххæттытæ цыдысты … Æмæ уынг къахырæй-къахырдæр кодта… Комарынтæй дæндæгтæ иугай куыд фахауой, афтæ… Хæсты фæстæ азты, уæртæ уæлмæрдты сæ номæн фæзынди тулдзæй цыртытæ…

Сыхбæстæй æдзард хæстонтæ сты мæрдты, -

Хæст ныууагъта сидзæрæй дæу дæр…

Цырт лæууы æнæ ингæнæй уæлмæрдты, -

Ингæн та - анæ цыртæй кæмдæр…

 

Куыд хæстмондаг сты абон дæр калмзæрдæтæ! Уыдон никуы бакастытсты зынгхуыст хæстоны цыртыл æнахъом сабийы цæссыгæй фыст ацы рæнхъытæ:

О, райхъал у, дæ хъæбул дæ мысы!..

Цы хæлæг фæкæнын, куы фæбады саби йæ фыды хъæбысы…

 

Хæстарыд зæххæн йæ хъæдгæмттæ байгас канын хъуыди. Сæхимæ ныхъхъусынмæ сæ нал æвдæлд адæмы, фæлæ иу уæхски-уæхск æрбалæууыдысты. Нæ уынджы далæ Алйаты дуармæ суанг æнафонтæм зæлыд фæндырдзагъд. Ардæм иу æрымбырд сты куысдзæгъд сыхбæстæ. Райсом та – колхозон быдырмæ! Æрмæст (Дзгойты) Алйатæиуæндæсæй! (Зæнджиатæ) Тæккатæ – æртындæсæй! Фæрсæй-фæрстæм цардысты. Æмæ иу дыууæ хæдзарæн хæдзаргæс баззад æнусыккон Шери. Иннæтæ - быдырмæ æд рувæнтæ. Хъæдгæс Сакйаты Бимболат «хъаст» кодта : «Тæккатæ æмæ мын Алйатæ мæ хъæдцæгъдæн фесты… Фондзæмæссæдзæй рацæуынц быдырмæ æдрувæнтæ æмæ уал рувæнæн рувæнхъæдтæ нæ хъæуы?..»

Тæкка-иу йе ’фсин Ниныккæйæн бакой кодта «Тæригъæд дæ… быдыры куыстæй иучысыл бауылæфай… Сывæллоны кой та бакæнæм». Æмæ та иу бинонтыл ноджы дæр бафтыд… Афтæмæй бинонтæ æхсæрдæс баисты, сæ фыдымад Шериимæ. Ныййарæгæн лæвæрд æрцыд «Мад хъæбатыры» - ном. 13-æм сывæллон куы райгуырд, уæд сæ фыд Тæкка сæ къух ауыгъта: «Довольно»- ома, æгъæд… Æмæ ноггуырдыл «Довольно» ном ныичъи. Стæй, уый фæстæ азты скъоламæ куы бацыд, уæд æй иу ахæмы ахуыргæнæг Фаризат Идрисовна фæрсы:

-Базыдтай нымайын «фынддæсы» уонг?

- Æз ма æхсæрдæсы уонг дæр зонын…

-Гъа-ма, уæдæ!

Æмæ райдыдта чысыл лæппу нымайын сæ бинонты нæмттæй:

- Шери, папæ, мамæ, Изæт, Заремæ, Зырæпп, Зæйра, Мæйты, Раман, Зинæ, Светæ, Юрик, Мурат, Славæ, Лазыр, æмæ æхсæрдæсæм æз мæхæдæг…

Ахуыргæнæг дæр худтис, кълас иууылдæр куыд худтис, афтæ…

Нæ тæккæ сыхаг инæлар Дзусаты Ибрагим зындгонд у æгас Уæрæсейы дæр. Фæлæ ма æнæзæгъагæ нæй йæ хурзæрадæ мад дзанæты бадинаг Азийы тыххæй. Уæдæ уын рафæзмон ахæм хабар. Хæст пиллон арт уаагъта, афтæ Ази донмæ фæцæйцыди. Йæ цонгыл - йæ гогон. Сидзæртæн дзы къамбецы мисын фæцæйхаста фаллаг сыхмæ. Немыцаг хæдтæхæг нылладжыты æрбатахт зæрдæхалæн «ниугæ». Бомбæтæ арыппæрста скъола æмæ рынчындоныл. Бомбæйы уылæн иуварс аппæрста зæронд усы… Гогон та мисынæй урс саха уадзгæ дæлæ фæтулы. Ази хъæрзгæ сыстад, къухтæ арвмæ тилы: «Фæлæу, фæлæу, уæлæ æлгъаг! Мæ къæрццонг фырт уын уæ хъæлæсæй бур рондз фæкалдзæн мæ урс мисынау!». Уыцы азты йæ хъæбул Ибрæгим хæстон номдзыд тæхæг уыди…

Уæдæ цы удыфидар разындысты хæсты идæдзтæ! Цыма сæ уæларвы куырдадзы бахсыстæ уыди… Нæ фарсмæ Æрчъегкаты Дибæ, Зинæ, Абидæт, Софкæ… Сæ сидзæр хъабулты сæрвæлтау сæ удтæй арт цагътой: хъуццытæй, галтæй хуым кодтой хæстарыд быдыртæ. Æхсырфæй карстой мæнæуы хуымтæ, суг ластой хъæдæй лæгуæрдонæй. Хуыскъæлгуыбынтæ - се’нахъом сидзæртæ дæр - лæджы бындзафхæдтау арбалæууыдысты мадæлты фарсмæ. Уæлæсыхаг Хъуысаты Саниатæн та найгæнæны аирвæзт йæ къах, мæнæуы куырис куыд æвæрдта, афтæ… Æмæ цæрæнбонты лæдзæг-къахæй зæхх хуынчъытæ кодта…

Хæстæй æнæ къахæй чи сыздæхтысты - Бæцæзаты Темырхъан æмæ здыхтрихи Хъуысаты Джебра дæр хъысмæты фыддæрагæн хъазгæ-заргæ колхозæн уыдысты йæ астæуккаг цæджындзтæ…Джебра та ма куыд цуанон дæр басгуыхт. Бирæгътæ сарæх сты æмæ тугагурæн кодтой. Суанг-иу кæрты кæнæ скъæты аргæвстой фосы. Джебра сбадтис бахыл æмæ сæ фæдыл зылдис уæлæ хъæды тарфыты. Сæ хъоргъæй сын иу фаласта сæ лæппынты. Иуахæмы та дзы фондз æрхаста сæхимæ къуыбырхъустæй. Нæ зæрды сæ бахъомыл канын уыди æмæ стæй - сырддон мæ радтын. Фалæ йын иу æхсæв йæ къамбецы годо акъæмс кодтой. Райсом та цуаны кæрты азæлыд… фондз гæрахы.

Æмæ ма мæ сыхаг æнусон Шерийы тыххæй зæгъон афтæ: Зæнджиаты Хъанымæт уæлахиздзауæй здæхт Турчы хæстæй. Йæ фæсарц сау аласайыл та бадтис саурæсугъд туркаг Шери. Йæхицæн æй цардæмбалæн ласта Хъанымæт. Хуыцауæй арфæгонд сылгоймаг разынд Шери. Æмæ цы куыстмæ нæ арæхсти! Суанг ма дæсныйад дæр кодта… Ныфс-иу бауагъта фæлмæн ныхæстæй адæймаджы. Йæхицæн та ницы агуырдта… Æмаæ хъæуы рынчындон бомбæйæ куы базгъæлæн, уæд Шери æнхъæлцау сылгоймæгтæн басгуыхт æвгъæдгæс… Уыймæй-иу ноггуырыд схуыдта «мæ хъæбул».

127 азы йыл куы сæххæст, уæд ыл Мæскуыйы сæйраг телеуынынадмæ арвыстон фотоочерк. Разыйæ дзы баззадысты æмæ йæ æхсызгонæй æвдыстой «Долгожители Кавказа» - зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Авторыл самбæлд уæлдæр гонорар, Шерийыл та - къафетты къопп. Хуыцауы арфæ самбæлæд сымахыл дæр!