Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи, стæй Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты цæдис Аланийыл саргъуыды 1100 азы юбилей сбæрæг кæныны размæ расидтысты æркаст-конкурс "Аллоныстон: ивгъуыды сурæттæ". Уый фæдыл знон Цæгатирыстойнаг гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты уыд пресс-конференци. Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы епископ Леонид, Нывгæнджыты цæдисы сæрдар МÆргъиты Таймураз, историон наукæты доктор, профессор, РЦИ-Аланийы Истори æмæ археологийы институты директор Бзарты Руслан, РЦИ-Аланийы истори æмæ археологийы институты историйы хайады сæргълæууæг Мамиаты Михал.
Конкурсы нысан у, нывгæнджытæй нæ рагфыдæлты темæтыл зæрдиагæй чи кусы, уыдонæн сæ аивад равдисынæн фадат æмæ уавæртæ скæнын, алайнаг историйы патриотон темæ рапарахат кæнын æмæ Алани-Ирыстоны историон æцæгдзинад нырыккон нываивады равдисын.
Конкурсы архайджыты размæ æвæрд ис бæлвырд домæнтæ:
Автортæ цы нывтæ скæной, уыдоны хъуамæ æвдыст æрцæуа Чырыстон Аланийы истори, бæстæйыл Саргъуыд, Дунесфæлдисæг Иунæг кадджын Хуыцауы номыл мæнг дунейы хæрзтыл йæ къух чи ауыгъта æмæ Хуыцауæн табу кæнынæн, йæ фæдзæхстытæ æххæст кæнынæн йæ цард чи снывонд кодта, уыдон æмæ Сыгъдæг удты цард. Уымæ гæсгæ нывтæ уыдзысты сюжетон æмæ портреты жанрты конд, уыимæ кæттагыл кæнæ графикæйы хуызы. Сæрмагонд къамисы уæнгты размæ рахæссæн ис, йæ ныффыссынæй фондз азæй фылдæр кæуыл нæ цæуы, ахæм сфæлдыстадон куыстытæ. Архайджыты кармæ гæсгæ не 'взардзысты. Архайыны бар дзы ис, нывгæнæджы дæсныйады профессионалон ахуырад чи райста, уыдонæй алкæмæн дæр. Конкурсы архайдзысты, Хуссар Ирыстоны нывгæнджытæ æмæ ма иннæ республикæты нывгæнджытæй йæ зæрдæ кæмæн зæгъы, уыдон дæр.
Æркасты ис æртæ номинацийы: Чырыстон Аланийы истори, бæстæйыл Саргъуыд æмæ хъæбатырдзинад равдисæг чырыстæттæ æмæ зæдтæ; Алайнаг Ирыстоны историон цауыл сюжетон ныв; историйы зындгонд адæймаджы портрет.
Епископ Леонид арфæ ракодта æмбырды архайджытæн æмæ загъта:
— Цы темæ равзæрстам, уый хуымæтæг нæу. Куыд зонæм, афтæмæй бирæ нывгæнджытæ æвдисынц се сфæлдыстады сæ адæмы истори, сæ зæрдæ сын агайынц сæ фыдæлты уидæгтæ. Уый фæзминаг хъуыддаг у. Мах фæнды уыцы хъæппæрисæн фæндаг раттын æмæ равдисын Аллоныстоны адæмы æцæг рагисторион дуне кæттагыл конд нывтæ æмæ графикон нываивады хуызы.
Алайнаг истори у арф сфæлдыстадон райхæлды аккаг. Уымæн, стыр ахъаз уыдзæн, абон Ирыстон-Аланийы цы нывкæнынады хихуызон скъола ис, уый. Æркаст-конкурсы уæлахиздзаутæн саккаг кæндзæн æхцайы премитæ. Сæ хардз у 300 мин сомы.
— Дзырд дæттын, Нывгæнджыты цæдисы æмрæнхъ æмгуыст кæй кæндзыстæм æмæ зæрдиагæй кæй архайдзыстæм Ирыстоны истори æмæ йæ аивады хæрзæбоныл, — загъта епископ Леонид.
- Абон епархийы разамынд цы фæзминаг хъуыддагыл кусы, уымæй бындур бавæрдта ахсджиаг мадзалæн, кæцы хъуамæ суа традицион, — загъта Бзарты Руслан. — Уымæй нæ ахуыр кæны, адæймагæн зынаргъ цы у, уыдонæн аргъ кæнын æмæ сæ хъахъхъæныныл. Ирыстоны бирæ хорз нывгæнджытæ ис, фæлæ уыдонæй Тугъанты Махарбег æмæ Дзанайты Азамбегæй арфдæр ничи авнæлдта нывгæнынады нæ истори, нæ уидæгтæ ирдæй равдисыныл, æмæ абон афтæ зæгъон, сæ хъуыддаг сын дарддæр исчи хæццæ кæны, уый, хъыгагæн, мæ бон нæу. Абоны нывгæнджытæй бирæтæ нæ фыдæлты истори мæнг хуызы æвдисынц, æмæ уый хорзæрдæм нæ фæзындзæн куыд нæ истори, афтæ нæ аивадыл дæр. Æркасты архайджытæ уал фыццаг истори иртасджытимæ куы аныхас кæниккой, уæд уый ахъаз уаид сæ дарддæры куыстæн. Фæзминаг нын сты уырыссаг нывгæнджытæ-баталисттæ. Сæ куыстыты бæлвырдæй зыны Уæрæсейы истори. Уыдон æрмæст сæ историйы æцæгдзинад нæ фæхæццæ кодтой сæ дарддæры фæдонтæм, фæлæ сæ этникон хуыз, сæ хъæд. Уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Бузныг Алайнаг епархийы епископ Леонидæн, йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ Ирыстоны сомбоныл кæй сты, уый тыххæй.
Йæ ныхас ын адарддæр кодта РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз. Уый загъта:
— Епархи йæхимæ райста стыр хæс. Зæрдæйы рухс фæндонæн рухсмæ æнæ рауадзгæ нæй. Ныфс мæ ис, 50-100 куыстæй къаддæр кæй нæ бацæттæ кæндзысты нæ нывгæнджытæ æркастмæ. Уымæн æмæ алы нывгæнæгæн дæр зынаргъ сты йæ уидæгтæ. Мæхæдæг дæр бацæттæ кодтон ног кæттаг æмæ дзы тагъд равдисдзынæн мæ хъуыдытæ, мæ цæстæнгас. Æркасты цы куыстытæ уыдзæн, уыдон рауадздзыстæм хицæн альбомы. Уый фæстæ нывты равдыст скæндзыстæм Хуссар Ирыстоны, Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы æмæ Хъырымы.
- Фæстаг рæстæг нæ нывгæнджытæн сæ 80 проценты нæ фыдæлты истори куыдфæндыйæ æвдисынц æмæ мæнг хъуыдытыл æфтауынц адæмы дæр, — загъта Мамиаты Михал. — Мæ зæрдæ дарын, ацы æркасты руаджы нывкæнынады аивады дæснытæ нæ фыдæлты истори рæстагæй кæй равдисдзысты, ууыл.
Æркастæн дзуапдæттæг Дзугкойты Фатимæ æмбырды архайджыты базонгæ кодта конкурсы домæнтимæ. Бæлвырддæр хабæрттæ базонæн ис 8-918-820-49-68 телефонмæ бадзургæйæ.
Сфæлдыстадон куыстытæн 15 октябрмæ æрбахæссæн уыдзæн Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты залмæ. Электрон хуызы та æрмæг æрбарвитын хъæудзæн 20 сентябры агъоммæ электрон адрисмæ: kultura@blagos.ru. Æркастмæ цы куыстытæ бацæттæ кæной, уыдоны равдыст байгом уыдзæн 29 ноябры Нывгæнджыты цæдисы.
«Рæстдзинад»
ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ