ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ЛЕОНИДЫ ЦЫППУРСЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР

ЙӔ ИУУЫЛРУХСДЗИНАД ЛЕОНИДЫ

 

ЦЫППУРСЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

 

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ ЕПАРХИ ӔМӔ СОМИХЫ РЕСПУБЛИКӔЙЫ

УЫРЫССАГ РӔСТДИН АРГЪУАНЫ КУВӔНДӔТТЫ ЛӔГГАДГӔНӔГ САУДЖЫНТӔ, ДИАКЪОНТӔ, МОЛАДЗАНТӔ ӔМӔ КУВӔГ АДӔММӔ

 

Чырыстийы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн уарзон сауджынтӕ, диакъонтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Зӕрдæбын арфӕ уын кӕнын Чырыстийы Рухсрайгуырды стыр бӕрӕгбоны фæдыл! Цыппурс у Хуыцауы ӕгӕрон уарзты бӕрӕгбон. Абон Хуыцауы Фырт буардзыдӕй ӕрцыд зӕххон дунемӕ ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдта адӕмы ирвӕзыны сӕраппонд удуӕлдай лӕггадӕн.

Ӕппӕтхъом Хуыцау, адӕмы мыггаг ӕнӕразӕгъгӕ уарзтӕй уарзгӕйӕ, «радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй схайджын уа» (Ин 3:16), цӕмӕй дуне Йӕ ферцы фервӕза, ӕмӕ Йыл ӕнувыд чи у, уыдон суой Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады бындартӕ. Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти нӕ ирвӕзыны сӕраппонд райсы адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕмӕ ӕрцӕуы а дунемӕ, цӕмӕй, адӕймаджы ӕрдзыхъӕд Йӕ Хуыцауон ӕрдзыхъӕдимӕ баиу кӕнгӕйӕ, махӕн Хуыцауимӕ баиу уӕвыны фадат ратта.

Ирвӕзынгӕнӕг дунемӕ рантысти адӕмӕй хибар ран, къаннӕг лӕгӕты, ӕхсӕвы ӕгуыппӕг тары, фӕлӕ Йӕ рухсрайгуырды цины уац уайтагъддӕр айхъуысти ӕгас дунейыл. Ацы стыр ӕмӕ диссаджы цауы фыццаг фидиуджытӕ уыдысты Хуыцауы зӕдтӕ, уыдон снывӕзтой кады зарӕг: «Кад Хуыцауӕн уӕлӕрвты, зӕххыл та фӕрнджын уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!» (Лк:2,14) Уыцы ’хсӕв Хуыцауы фарн ныррухс кодта вифлеемаг фыййӕуттӕ ӕмӕ, «Йе стъалы» Йын «скӕсӕнӕй ссӕугӕ чи федта» (Мф:2, 2), уыцы стъалыдӕсныты зӕрдӕтӕ. Хуыцауон Ноггуырдӕн кад кӕныны диссаджы ӕнкъарӕн ӕцӕгӕйдӕр сиу кодта арв ӕмӕ зӕхх: зӕдты кады зарӕг баиу хуымӕтӕджы фыййӕутты арфӕтимӕ, стъалыдӕсныты лӕггад – Вифлеемы стъалыйы ӕрттывдимӕ.

Чырыстийы Рухсрайгуырд бӕрӕггӕнгӕйӕ, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, ивгъуыд аз Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы епархи ӕмӕ Сомихы республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны кувӕндӕтты царды цы ахсджиаг цаутӕ ӕрцыди, уыдон.

2017 азы октябры Уӕрӕсейы Федерацийы президент В. В. Путин цы бардзырд радта – «Аланийы саргъуыды 1100 азы бӕрӕгбоны фӕдыл», уый нысан кӕны ацы ахадгӕ цаумӕ цӕттӕ кӕныны райдиан. Президенты бардзырд амоны, паддзахады уӕлдӕр хицауад ӕмхъуыды кӕй у Аргъуан ӕмӕ зонадон ӕхсӕнадимӕ ӕмӕ нырыккон Ирыстон-Аланийы кӕй нымайы астӕузаманты чырыстон алайнаг паддзахады бындарыл. Фидӕны стыр юбилейы кадджын бон аккаг ӕмвӕзадыл сбӕрӕг кӕнын нӕ къухы бафтдзӕн ӕрмӕстдӕр Аргъуан ӕмӕ паддзахады ӕнгом куысты фӕрцы, ӕрмӕстдӕр не ’хсӕнады ӕппӕт къабӕзты ӕмзӕрдӕ архайды фӕрцы.

Ивгъуыд азы октябры ӕрцыди стыр ӕхсызгон цау Уырыс ӕмӕ Сомихы адӕмты ӕхсӕн монон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныны хъуыддаджы: рухсгонд ӕрцыд Уырыссаг Рӕстдин Дзуары Суӕлӕмӕконды номыл аргъуан Ереваны. Уыцы мӕй ма ӕвдисӕн уыдыстӕм ноджы иу ахсджиаг цауӕн: сомихаг сахар Гюмрийы, 102-аг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы зӕххыл, кадджын уавӕры бӕрӕггонд ӕрцыди уацхъизӕмаргӕнӕг Александрӕйы аргъуан ӕмӕ Александрополы фидары бындурӕрӕвӕрды 180 азы бон. Юбилейы бон алчеры сӕргълӕудӕй аргъуаны уыди Литургийы куывд.

Уырыссаг Рӕстдин Аргъуан хъазуатонӕй архайы, цӕмӕй Уӕлхох Хъарабахы ныхмӕлӕудӕн кӕрон ӕрцӕуа. 2017 азы сентябры Уӕрӕсе, Сомих ӕмӕ Азербайджаны монон раздзӕуджытӕн уыдис фембӕлд, баныхас кӕныны хъуыддаг райдыдта Мӕскуы ӕмӕ ӕгас Уырысы Патриарх, Иууылрухс Кириллы хъӕппӕрисӕй.

Аланийы саргъуыды 1100 азы юбилеймӕ цӕттӕ кӕныны фӕлгӕтты Дзӕуджыхъӕуы епархийӕн 2017 азы бантыст цалдӕр культурон проекты саразын. Сӕ иу – «Бинонтӕ. Мыггаг. Фыдыбӕстӕ», зӕгъгӕ, ахӕм темӕйыл иронау эссе ныффыссыны конкурс. Архайдтой дзы фондзыссӕдзмӕ ӕввахс алы кары автортӕ. Цымыдисаг рауади Епархийы хъӕппӕрисӕй нывгӕнджыты ӕхсӕн расидт конкурс дӕр – «Алани: ивгъуыды фӕлгонцтӕ».

Епархи разӕнгардӕй архайы ног аргъуанты сырӕзтыл: рухсгонд ӕрцыдысты Хъазаны Мад Майрӕмы уацнывы номыл аргъуан Дӕллаг Зӕрӕмӕджы, Диссӕгтӕфӕлдисӕг Уац Никколайы кувӕндон ӕмӕ кувӕн дзуар ӕфсӕддон пъӕлицӕйы ахуырадон центры Дзӕуджыхъӕуы. Дарддӕр цӕуынц Дзӕуджыхъӕуы алчеры резиденцийы историон агъуысты монон-рухстауӕн центры ӕндидзӕн куыстытӕ, ныридӕгӕн аргъауын райдыдтой, уац апостолтӕ Петр ӕмӕ Паулейы номыл Елхоты цы аргъуан рӕзы, уым; Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты интернат «Ласка»-йы арӕзт цӕуы уац Матрона Мӕскуыйаджы номыл кувӕндон.

Ивгъуыд аз алчер Леониды сӕргълӕудӕй фыццаг хатт Хуыцауы Литургийы аргъуыд ацыди Хохы Санибайы, Ӕртӕиууоны номыл аргъуаны, ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты Министрады, Дмитри Донскойы номыл аргъуаны.

Ныртӕккӕ мах къахдзӕф кӕнӕм Хуыцауы хӕрзаудӕнӕй йедзаг ног азмӕ ӕмӕ нӕ стыр ныфс ис, ацы аз ӕмӕ уый фӕстӕ азты дӕр «нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фарн, Фыд Хуыцауы уарзт ӕмӕ Уац Монимӕ ӕмдзӕрынад» не ’ппӕтимӕ дӕр ӕнӕмӕнг кӕй уыдзысты, уый.

Чырыстийы Рухсрайгуырды фӕдыл арфӕ кӕнын ӕппӕт рӕстдин чырыстӕттӕн ӕмӕ Ирыстон-Алани ӕмӕ Сомихы республикӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн, кувын, цӕмӕй уын Хуыцау ма бавгъау кӕна Йӕ хъарудӕттӕг ӕххуыс уӕ хорз хъуыддӕгты, радта уын фидардзинад, сабырдзинад, схайджын уӕ кӕна Йе ’ппӕт ӕвидигӕ хорзӕхтӕй.

Хуыцауы арфӕ уӕд нӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ нӕ адӕмты!

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер,

Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны

Кувӕндӕтты фӕткдар

ЛЕОНИД

 

Чырыстийы Рухсрайгуырд

2018 аз

Дзӕуджыхъӕу