СТАВД-ДУРТЫ СБÆРÆГ КОДТОЙ ДОНЫСКЪÆФÆНЫ БÆРÆГБОН

Цӕгат Ирыстоны сбӕрӕг кодтой Чырыстон дины сӕйраг бӕрӕгбӕттӕй иу – Доныскъӕфӕн. Вӕййы зӕронд Ног азӕй цыппар боны куы рацӕуы, уӕд. Уырысмӕ «Крещение», Стырбон. Адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ, уыцы ӕхсӕв суӕрттӕм ӕмӕ цӕугӕдӕттӕм вӕййы алӕмӕты удӕгасгӕнӕн тыхы миниуджытӕ. Чырыстон дины кусджытӕ доныл фӕкӕнынц арфӕтӕ, бакувынц. Адӕмӕй алчидӕр тырныдта, уыцы арфӕгонд донӕй раскъӕфынмӕ йӕ хӕдзармӕ. Бӕрӕгбонӕн йӕ ном дӕр Доныскъӕфӕн уымӕн хуыйны.

Ацы сыгъдӕг бӕрӕгбонмӕ бирӕ адӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц. Чырыстон дин куыд амоны, афтӕмӕй тъӕнджы мӕйы 18 – 19 боны ӕхсӕвы ӕмӕ ӕгас бон цыфӕнды уазал доны дӕр дӕхи куы ныннайай, уӕддӕр нӕ фӕрынчын уыдзынӕ, уыдон алы хатт дӕр фӕхатынц удӕнцойдзинад, цавӕрдӕр уӕларвон ӕнкъарӕнтӕ.

Ставд-Дурты чысыл хъӕубӕсты дӕр бӕрӕг кодтой Доныскъӕфӕн. Кӕд дзы аргъуан нӕй, уӕддӕр дзы арӕзт ӕрцыд кувӕн бынат (молельная комната). Уымӕ гӕсгӕ ныр адӕмӕн сӕ бон у цыфӕнды рӕстӕг дӕр бацӕуын ӕмӕ бакувын, йӕ бинонты Хуыцауыл бафӕдзӕхсын.

19 январы Ставд-Дурты уыд Донаргъуыд. Адӕм ӕрбамбырд сты. Саргъуыдта доныл Дзӕуджыхъӕуы Сыгъдӕг Мады-Майрӕмы аргъуаны сауджын Хъуысаты Игорь. Фӕлмӕн ныхас зӕрдӕйы дуар фӕзӕгъынц, ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр афтӕ у. Йӕ фӕлмӕн ныхас адӕмы зӕрдӕты ахъардта. Суанг бакуывды фӕстӕ дӕр адӕмы сӕ къах нал хаста, хъусынӕй йӕм нал ӕфсӕстысты. Тынг зӕрдиагӕй бакуывта, бафӕдзӕхста Ставд-Дурты хъӕубӕсты Хуыцауыл.

Цыбыр дзырдӕй, адӕмы зӕрдӕты стыр рухсы фӕд ныууагъта.

Гӕгкуыты Зӕлинӕ