Цыппурсы арфæйы фыстæг

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер

Иууылрухсгонд ГЕРАСИМЫ

ЦЫППУРСЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

    Дзӕуджыхъӕуы епархийы уазлӕггадгӕнӕг сауджынтӕ, диакъонтӕ, моладзантӕ ӕмӕ кувӕг адӕммӕ

 

 

Иууылкадджын сауджынтӕ ӕмӕ диакъонтӕ, Хуыцауы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Зӕрдæбын арфӕ уын кӕнын Чырыстийы Рухсрайгуырды цины бӕрӕгбоны фæдыл!

Ирвӕзынгӕнӕджы Рухсрайгуырд у, дун-дунеон нысаниуӕг ӕмӕ ахадындзинад кӕмӕн ис, ӕгас дунесконд ӕххӕстӕй Хуыцауӕн кад кӕныны ӕмӕ бузныджы табуйӕ чи ӕнгом кӕны, Зӕдтӕ ӕмӕ Вифлеемы Райгуырӕг Саби-Хуыцауӕн лӕвӕрттӕ хӕссӕг адӕмы чи иу кӕны, ахӕм дисӕфтауӕг цау.

Бардарӕг Йесо Чырыстийы дунемӕ ӕрцыды  нысаниуӕджы тыххӕй нын апостол Павел зӕгъы: «Афон куы ралӕууыл, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар чи уыд, Йӕ уыцы Фырты, Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны суӕгъд кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йӕхицӕн сараза хъӕбултӕ» (Гал 4:4–5). Уыцы «афоны ралӕудмӕ» Ирвӕзынгӕнӕджы Райгуырдӕй бирӕ раздӕр ӕнхъӕлмӕ кастӕуыд. Ӕмӕ, Евангелитӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй Чырыстийы фыццаг ныхӕстӕ, Иорданы Донаргъуыд райсыны фӕстӕ уацамынд кӕнынмӕ куы рацыди, уӕд уыдысты: «Ӕрцыд афон ӕмӕ ӕрхӕстӕг Хуыцауы Паддзахад» (Мк 1:15). Скӕнӕджы ӕрӕвӕрд барӕн баххӕст ис. Дуне ӕмӕ рӕстӕг сӕ нысанмӕ бахӕццӕ сты. Уыцы «ӕххӕстдзинад» куы ӕрцыд, ӕрвон ӕмӕ зӕххон, «Чырысти сӕ сӕргъы» (Еф 1:10), афтӕмӕй куы баиу сты, уӕд ралӕууыд Ног Фӕдзӕхсты афон.

Ӕрцыдис историон цӕхгӕр фӕзылд: раздӕры цагъартӕ систы сӕрибар хъӕбултӕ. Уыцы бындурон фӕивд Хуыцау сарӕзта Йӕ Фырты ӕрӕрвысты фӕрцы. Иннӕ адӕймӕгты хуызӕн райгуыргӕйӕ, Фырт ӕрцыди дунемӕ ӕмӕ мах ссӕрибары охыл Йӕхи зӕронд Фӕдзӕхсты дӕлбар бакодта. Ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау Хуыцау Йӕхи Фырты радта ӕмӕ сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ сарӕзта. Махӕй иу свӕййы Иууылуаз Ӕртӕиуоны Дыккаг Цӕсгом, цӕмӕй  мах суӕм Хуыцауы фырттӕ,

Хуыцау нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ уыцы лӕвар цардӕгас ӕмӕ ахадгӕ мидисӕй схайджын кодта. Апостол Павелы фыстмӕ гӕсгӕ, Хуыцау бамӕт кодта ууыл, цӕмӕй мах уыцы номӕй канд хуыйнгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ, Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, ӕцӕгдзинадӕй дӕр нӕхи афтӕ ӕнкъарӕм. Комкоммӕ уый амоны ацы ныхас: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Фырты Уды» (Гал 4:6). Хуыцау нын Йӕ Фырты куыд радта, афтӕ нын Йӕ Уд дӕр радта. Уымӕн загъта сыгъдӕг апостол зӕрдӕхцонӕй: «Ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ Чырысти цӕры мӕ мидӕг» (Гал 2:20). Ӕмӕ мах, уыцы курдиат кӕй хай фӕци, уыдон, ӕцӕгдӕр Ӕм хъӕбулы зӕрдӕ даргӕйӕ, Хуыцаумӕ дзургӕ дӕр афтӕ кӕнӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!» (Гал 4:6) Афтӕ хуыдта Хуыцауы Чырысти Йӕхӕдӕг дӕр. Уыцы номӕй кувы Бардарӕгмӕ Йӕ Аргъуан дӕр. Аввӕ, зӕгъгӕ, уыцы дзырды – ирвӕзыныл дзурӕг ӕгас чырыстон ахуырад. Арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгмӕ мах сидӕм, сабитӕ сӕ ныййарӕг фыдмӕ куыд сидынц, афтӕ. Нӕ дзыхы ныхас свӕййы Сыгъдӕг Удӕй рацӕугӕ ӕмӕ нӕ Иууылуаз Ӕртӕиуоны арфӕгонд цардимӕ бангом кӕны.

Чырыстон дин нӕ нысан кӕны, Хуыцау кӕй ис, ууыл сӕры зондӕй сразы уӕвын. Хуыцауыл ӕууӕндын ныййарӕг фыдыл ӕууӕндӕгау у. Чырыстийы размӕ зӕххыл бирӕ ахуыргӕнджытӕ уыд, фӕлӕ уыдон домдтой, зонд кӕй нӕ ахсы ӕмӕ бамбарӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм уӕлвонг тыхтӕн лӕггад кӕнын. Хатгай-иу нӕ ахӕм зондыл дӕр арӕзтой, цыма адӕймаг йӕхӕдӕг хуыцауӕмдых у ӕмӕ йын зӕххон хабӕрттӕй уӕлдӕр уӕвын ӕмбӕлы. Ирвӕзынгӕнӕг ахӕмӕй ницӕмӕ сиды ӕмӕ ницы амоны. Уый махӕн, куыд Хуыцауы хъӕбултӕн, дзуры: «Уӕ Фыд зоны, цы хъуаг стут, уый» (Мф 6:8). Чырысти фидар кӕны, тас чи фесафдзӕн ӕмӕ  нын нӕ зӕрдӕтӕ сабийы ӕнӕхин ӕууӕнкӕй чи срухс кӕндзӕн, хъӕбулы уыцы ӕнкъарӕн. Тыхджынӕй ӕмӕ лӕмӕгъӕй, мӕгуырӕй ӕмӕ хъӕздыгӕй, ахуыргондӕй ӕмӕ ӕнахуыргондӕй, – ацы дунейы мах не ’ппӕт дӕр цӕуӕм нӕуӕвынады сӕрсӕфӕн дӕлджинӕджы былгӕрӕтты. Фӕлӕ Хуыцауыл ӕууӕндӕг уымӕй нӕ тӕрсы – Фыд ын йӕ къухыл хӕцы ӕмӕ йӕ кӕны, тас ӕмӕ тыхстдзинадӕй хызт тӕхудиаг цард ын кӕм ратдзӕн, Йӕ уыцы Паддзахадмӕ. Фӕсте аззади «дунейы ӕгъдӕутты» (Кол 2:8) тас, разӕй – ногдзинад ӕмӕ кады тӕмӕн.        

Ӕмӕ уыцы кадӕй ныррухс и зӕронд дунейы арв, «афон куы ӕрцыд» ӕмӕ зӕххыл куы райгуырди, «ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй фӕрцы фӕзынд» (Дзут 2:10), Йе ’фсымӕртӕ нӕ рахонынӕй чи нӕ бафсӕрмы кодта, Уый. Ирвӕзынгӕнӕджы Рухсрайгуырд – куыд Хуыцауы фырттӕ ӕмӕ чызджыты, афтӕ мах райгуырд у. Чи зоны нӕм уымӕн кӕсы, Уӕларвон Фыдыл ӕууӕндыны руаджы ӕппӕт тас ӕмӕ мӕт чи ӕрбайсафы, сабиты ахӕм хъӕлдзӕг бӕрӕгбонау.

Рухсрайгуырды стыр бӕрӕгбоны номӕй арфӕ кӕнын Чырыстийы Аргъуаны иузӕрдион хъӕбултӕ ӕмӕ нӕ уарзон Ирыстон-Аланийы ӕппӕт цӕрджытӕн. Зӕрдӕбынӕй кувын, цӕмӕй хайджын уат Ноггуырд Ирвӕзынгӕнӕджы цинӕй. Хуыцауӕн фӕндон уӕнт уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ алы куыст! Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ӕнӕниздзинад, сабыр зӕрдӕрухс цард ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон. Хуыцауы хӕрзаудӕны Ног аз не ’ппӕтӕн дӕр ноджыдӕр ма иу къахдзӕф басгуыхӕд миддунейы монон сног ӕмӕ уды бӕрзӕндтӕм  фӕндагыл!

 

 

 

ГЕРАСИМ,

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы алчер

 

Чырыстийы Рухсрайгуырд

2022 аз

Дзӕуджыхъӕу